Гатайтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гатайтæ[1] (уырыс. Гатаевы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Ортъеуы хъæуккаг Гатайты Н.Г. нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ, Гатайты мыггаг равзæрдис Гæззатæй. Сæ фыдæлтæ цардысты Стыр Леуахийы комы Ципраны хъæуы. Уым Гæззатæй иу лæг, йæ ном Гатай, амардта кæйдæр æмæ йæ йæ туджджынтæ цæмæй ма амардтаиккой, уый тыххæй ралыгъд Ципранæй, æрцыд Чысыл Леуахийы коммæ æмæ Ортъеуы хъæуы æрцард. Цæмæй йын туджджынтæ йæ фæд ма ссардтаиккой, уый тыххæй йæ мыггаг йæ номæй аивта æмæ йæ цæуæт райдыдтой хæссын Гатайты мыггаг. Гатайтæ, дам, Ортъеуы раивтой фондз фæлтæры.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]