Гасситы Отар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гасситы Отар

Гасситы Михаилы фырт Отар (райгуырдис 1954-æм азы 25 апрелы Дзауы) у Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр.

Гасситы Отар каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола 1972-æм азы. 1973-75 азты службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты. 1982-æм азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институт æмæ уæдæй куыста Калининграды облæсты. У фыццаг категорийы дохтыр.

2010-æм азы сентябрæй у æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр.

Ис ын ус æмæ дыууæ сывæллоны.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]