Гапатæ
Внешний вид
Гапатæ[1] (уырыс. Гапаевы) сты ирон мыггаг.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Гапатæ цардысты Тъæрайы (Тъæра ис Æрхонæй мидæгдæр комы мидæг). Уырдыгæй Луармæ ралыгъдысты. Уым æрцардысты. Уæд Гапæн йæ фырт Саукуыдз хуынди, æмæ цæхмæ Тæмискъмæ рацыди фистæгæй. Фæндагыл ыл фембæлдысты фыдгæнджытæ, сбастой йæ æмæ йæ акодтой Сындзыхъæуы сæрмæ, Фадаумæ, сæ мæсыгмæ, уым æй хъоргъы ныппæрстой. Уый рарвыста йæ фыд Гапмæ, балхæн мæ, зæгъгæ. Фæлæ йæ Гап нæ балхæдта. Фыдгæнджытæ йæ амардтой. Саукуыдзæн йæ ус Зæнджиаты чызг уыди, Мызурон. Уый сывæрджынæй баззад, æмæ йæ йæ цæгат акодтой. Уым ын райгуырд лæппу Дударыхъо. Куы бахъомыл (уæлыгæсхъом куы фæцис), уæд ам йæ мад смой кодта Бекъойтæм. Уым дæр ын чызг æмæ лæппу райгуырд.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.