Ганди, Соня
Соня Ганди | |
---|---|
итал. Sonia Gandhi | |
Райгуырды датæ | 1946-æм азы 9 декабры[1][2][…] (77 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад | Итали → Инди |
Куысты мыггаг | политик |
Ахуырад | |
Дин | католицизм |
Парти | |
Основные идеи | национал-либерализм, гандизм |
Æмкъай | Раджив Ганди |
Сывæллæттæ | Рахул Ганди[d] æмæ Приянка Ганди-Вадра[d] |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Соня Ганди (хинди सोनिया गाँधी, итал. Sonia Gandhi; райгуырд 1946-æм азы 9 декабры Италийы сахар Лузианæйы) — Индийы зындгонддæр политиктæй иу, Индийы националон конгрессы раздзог (1998-2017/2019-2022), Индийы раздæры премьер-министр Раджив Гандийы идæдз ус.
Райгуырд Италийы куыд Соня Антония Майно (йæ гæххæттытæм гæсгæ Эдвиге Антония Альбинæ Майно, итал. Edvige Antonia Albina Maino[4]). Йæ ныййарджытæ — Антонио æмæ Паола Майно. Соняйы фыд Дыккаг дунеон хæсты рæстæг советон уацары бахауд. Уый фæстиуæгæн стыр нымд кодта уæрæсейаг истори æмæ культурæйæн, æмæ уый охыл йе ’ртæ чызгæн радта уырыссаг нæмттæ. Антонио фæмард 1983-æм азы, Соняйы мад æмæ йæ дыууæ хойы ныр дæр цæрынц Италийы, Орбассанойы цур.
1965-æм азы Соня Майно æрбацыд Кембриджмæ англисаг æвзаг ахуыр кæнынмæ. Уым базонгæ кодта йæ суинаг лæгимæ — уый ахуыр кодта Кембриджы университеты. 1968-æм азы уыдон скодтой чындзæхсæв Нью-Делийы, уый фæстæ Соня æрцарди йæ лæджы мад Индирæ Гандийы хæдзары. Индирæ Ганди уыд Индийы премьер-министр 1966—1977 æмæ 1980—1984 азты.
1970-æм азы Соняйæн райгуырд фырт — Рахул, 1971-æм азы та — чызг Приянкæ.
Индирæ Гандийы фæндыди, цæмæн йæ фæдыл йæ кæстæр фырт Санджая Ганди цæуа. Раджив Ганди уæд граждайнаг авиацийы тæхæгæй куыста. 1980-æм азы та, Санджай куы фæмард, Раджив активонæй политикон архайдыл ныллæуыд. Йæ мад куы фæмардтой 1984-æм азы, уый сси бæстæйы премьер-министр.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]Соня Гандийы тыххæй ис цалдæр чиныджы:
- S. R. ET AL. BAKSHI (1998) Sonia Gandhi, The President of AICC South Asia Books. ISBN 81-7024-988-0
- Rupa Chaterjee (1999) Sonia Gandhi: The Lady in Shadow Butala. ISBN 81-87277-02-5
- C. Rupa, Rupa Chaterjee (2000) Sonia Mystique South Asia Books. ISBN 81-85870-24-1
- Moro, Javier "El sari rojo" (Ed. Seix Barral, 2008) "Il sari rosso" (Il Saggiatore, 2009)
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Sonia Gandhi // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Sonia Gandhi // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ General Election 2014 — Election Commission of India
- ↑ Sonia Gandhi - Britannica