Галазты Æхсарбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Галазты Æхсарбег
Тырыса
1-æм Цæгат Ирыстоны президент
Тырыса
1994-æм азы 21 январæй — 1998-æм азы 30 январмæ
Фæстæдæр Дзасохты Алыксандр
Райгуырдис 1929-æм азы 15 октябры(1929-10-15)
Амардис 2013-æм азы 10 апрелы(2013-04-10) (83 азы)
Ныгæныны бынат
Парти
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн педагогон зонæдты кандидат[d]
Хорзæхтæ
Фæллойадон Сырх Тырысайы орден медаль «Ветеран труда»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Галазты Хадзымырзæйы фырт Æхсарбег (райгуырдис 1929-æм аззы 15 октябры Хуымæллæджы хъæуы — амардис 2013-æм азы 10 апрелы) уыдис ахуыргонд, Ирыстоны æхсæнадон æмæ паддзахадон архайæг, Цæгат Ирыстоны фыццаг президент (19941998).

Галазы-фыртæн йæ фыд, 1905-æм азы гуырд Хадзымырзæ, 1938-æм азы репрессигонд æрцыдис, æмæ цалдæр азы фæстæдæр амардис лагеры. Фæстæдæр реабилитацигонд сси.

Галазты Æхсарбег каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт 1952-æм азы, уый фæстæ 1958-æм азы онг куыста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæджы. 1958-æм азæй куыста Дзæуджыхъæуы, ахуырады системæйы. 1961-æм азæй 1975-æм азмæ уыдис Цæгат Ирыстоны ахуырады министр. 1976-æм азæй 1990-æм азмæЦæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор.

Ис ын дыууæ фырты æмæ иу чызг.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]