Габеты Юри

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Габеты Слангерийы фырт Юрий (Юрий Габеев; райгуырдис 1938-æм азы, Мустыздæхы — амардис 1985-æм азы) уыдис ирон поэт (фыста ирон æмæ дыгурон диалекттыл).

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Юрий райгуырдис Дыгуры районы Мустыздæхы (Мостиздæх). Йæ фыд Слангери фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, æмæ лæппу йе ’нахъом хоимæ баззади сидзæргæс мады æвджид. Хæрз сабийæ бавзæрста царды уæз. Скъола кæронмæ каст фæуын дæр йæ къухы нæ бафтыдис — мæгуыр бинонты къæбæры мæт бадомдта. Юрий куы фæлæгдæр, уæд-иу йе ’мбæлтты къордимæ ацыдис Хъазахстанмæ æмæ æндæр рæттæм кусынмæ.

Фæстагмæ йыл æвирхъау низ стых ис — йæ зонд дзæгъæлтæ кæнын райдыдта. Амардис 1985-æм азы.