Перейти к содержанию

Гæтæгонтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гæтæгонтæ (уырыс. Гатагоновы) сты дыгурон мыггаг.

Цардысты дыууæ æфсымæры Мызуры, кодтой цуаны куыст. Иу хатт куы уыди, уæд хохы сæрмæ фехстой сырд. Фат Бадилатæй кæуылдæр суади æмæ лæг амард. Дыууæ æфсымæрæн уыцы тæссаг ран цæрæн нал уыдис, ралыгъдысты Цыколамæ, сæ нæмттæ аивтой, сæ мыггаг та, сæ мад Гæтæгты чызг куыд уыди, уымæ гæсгæ схуыдтой Гæтæгонтæ. Уый фæстæ сæ мады æфсымæртимæ алыгъдысты Туркмæ.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гæтæгонты Н. Д. ныхæстæм гæсгæ таурæгъ ныффыста Хъазбегты Хъ., æвæрд ис ЦИГСИИ-ы, п. 88, д. 110, 52 ф.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]