Перейти к содержанию

Гæппы Уацилла

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гæппы Уацилла[1] кæнæ Гаппы Уацилла[2] у кувæндон Бурмæсыджы. Гыццыл агъуыстгонд у. Уым, дам, ис уæларвæй æрцæугæ рæхыс. Хус рæстæг-иу куы скодта, уæд-иу уыцы рæхысыл дон ныккалдтой, æмæ-иу уæд къæвда рацыди. Куывд ын кæнынц сусæгæй. Уазæг сæм-иу куы уыди, уæд-иу сæ куывд ныууагътой, цалынмæ уазæг ацыдаид, уæдмæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цагаева А. Дз. Топонимия Северной Осетии — Владикавказ: Ир, 2010 — с. 623.
  2. Æдæмон сфæлдыстад. Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №2, 144-æм фарс