Гæбæйратæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гæбæйратæ (уырыс. Габайраевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ацы мыггагæн сæ фыдæл Фæрæскъæтты хъæумæ æрбафтыд Зæрæмæгæй, уырдæм та ралыгъд Хуссар Ирыстонæй. Дыгуры æрцард Хъарцатыхъæуы (Тъæпæн Дыгуры). Ам ус ракуырдта æмæ йын фæзынд цæуæт. Фæстагмæ йæ бинонтæ сбирæ сты, фæлæ низæй фæцагъдысты. Баззад ма дзы иу сылгоймаг. Уый мæт кодта, Гæбæраты мыггаг кæй аскъуыд ууыл. Сфæнд кодта Охъазты мыггагæй Гæбæраты хæрæфырттæй иу лæппу ракурын. Фæцыд Фæснæлы хъæумæ æмæ балæгъстæ кодта хъæуы Охъазты хистæртæн, цæмæй йын йæ куырдиат сæххæст кæной, уый тыххæй. Охъазтæ Гæбæраты сылгоймагæн радтой иу лæппу. Уый рахаста сывæллоны Хъарцатыхъæумæ. Уым схъомыл, ракуырдта ус, рацыд ын сывæллæттæ. Охъазты лæппу дæр æмæ йæ цæуæт дæр хастой Гæбæйраты мыггаджы ном. Афтæмæй Гæбæйратæ нæ бабын сты, рацыд сæ ног фæлтæртæ.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 57.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 137–138.