Перейти к содержанию

Vk.com

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(В контакте-æй æрвыст)
ВКонтакте-йы ирон æвзагыл интерфейс (Википедийы ирон хайады къорд)
Æвзаг баив — иронау[3]

VK.com (VK, Vkontakte.ru, уырыс. ВКонтакте) у Уæрæсе æмæ Украинæйы æппæты популярондæр социалон хызæг, дунейы 19-æм популярондæр сайт Alexa рейтингмæ гæсгæ[1]. Регистрацигонд архайджыты нымæц у 510 милуанæй фылдæр[2]. SimilarWeb-мæ гæсгæ та у 12-æм сайт æнæхъæн дунейы визиттæм гæсгæ[3]. Сæ сæйраг офисы бынат — Бетъырбух. Сайтæн ис ахъаз 90-æй фылдæр æвзæгты. Уæлдайдæр зындгонд райста уырыссаг æвзаджы дзурджыты ’хсæн.

«Вконтакте»-йы фæрцы адæймагæн йæ бон у фыстæджытæ æрвитын йе ’мгæрттæн, аразын къордтæ æмæ фæрстæ, фæхай кæнын нывтæй, тегтæй, аудио- æмæ видеотæй, хъазын хъæзтытæй.

Сæрæй йæ куы байгом кодтой (2006-æм азы 10 октябры), уæд сервис йæхи хуыдта социалон хыз æрмæстдæр студенттæм æмæ рауагъдонтæн, фæстæдæр йæхи хоны «нырыдуджы, тагъд æмæ рæсугъд æмхицдзинады амал хызæджы мидæг» (уырыс. «современный, быстрый и эстетичный способ общения в сети»).

2017 азæй фæстæмæ йæ сæйраг директор (СЕО) у Андрей Рогозов.

Мадзæлттæ æмæ проекттæ

[ивын | Бындур ивын]

Хакатонтæ

[ивын | Бындур ивын]

31.10.2015 уагъд æрцыд фыццаг хакатон, кæцы цыд 24 сахаты. Хайадисджытæн загътой проекттæ рымысын, кæдон уыдысты идейæ "Упрощайте!"-имæ баст. Уыцы ерысты хайад райстой 34 командæйы. Призон фонд уыд 300 мин сом.[4]

26 ноябры 2016 азы ацы дыккаг хакатон. Хайадисджытæ архайдтой къордты æфтуанты платформæйы проекттыл. Номинаци "Аразджыты равзæрст"-ы рамбылдта "Сæфт гæдыты агуырд". Призон фонд - 300 мин сом.[5]

20 октябрæй суанг 22 октябрмæ(2017) ацыд æртыккаг хакатон. 320 хайадисæджы тырныдтой рамбулын 1 милуан сомы. Номинаци "Культура"-йы рамбылдта æфтуан Эрмитажы навигацийæн.[6]

Арæх «Вконтакте» фæхонынц Facebook-ы клон.[7] Павел Дуров дзуапп радта, ома, зæгъгæ, æцæгæй дæр фыццаг социалон хызты принциптимæ базонгæ ис Facebook-ы хуызæгыл[8], фæлæ сайты реализацийы домдта уырыссаг ахуырады системæмæ адаптаци æмæ хи коды фыст. Дизайны æнгæсдзинад та æмбарын кæны уый æмæ у гом стильты концепци, кæцы фыст æрцыд чиныджы «The CSS Anthology: 101 Essential — Tips, Tricks & Hacks». Ноджы ма, критикæйы дзуапп гæнгæйæ, Вконтактейы аразджытæ дзурынц, ома бирæ идейæтæ æмæ механизмтæ фыццаг хатт реализаци гонд æрцыдысты ацы социалон хызы[9].

Бирæ психологтæ дзурынц, ома, фæзындысты ног интернетон дæлбарад кæй фæзынд. Йæ аххосаг виртуалон æмхицдзинад социалон хызты.[10]

Ноябры 2010 азы «Вконтакте»-йы схуыдтой дыккаг сайт, кæцыйы æнæлегалон музыкæ парахат кодтой. Уый загъта Зæлтæфыссæн компаниты америкæйаг ассоциаци. Ассоциацимæ гæсгæ, "ацы сайттæ-мæнгардтæ сæ операторты дзиппытæ едзаг кæнынц (трафик фыст куы цæуы, уæд), æмæ ницы фидынц контенты хицæуттæн." Номхыгъды сæргълæууæг — китайаг агуырды сервис Baidu[11][12]. Претензитæм ма бафтыд Урс Хæдзар, кæцы «Вконтакте»-йы баппæрста пиратон ресурсты номхыгъдмæ[13][14].

1 мартъийы 2011 азы АИШ-ы хицауад базылын кодта «Вконтакте»-йы пиратон хабæртты.

Кæфты мæйы 1-аг бонæй 2010 азæй фæстæмæ цы иртасынад цыд, уый фæрцы цы номхыгъд сарызтам, уырдæм бахаудтой 30-æй фылдæр пиратон продукцийы базартæ æмæ онлайн-ресурстæ. USTR администрацимæ гæсгæ, уым æнæлегалон æгъдауæй парахат цæуы хахуыр товартæ æмæ авторон барадæй хъахъхъæд контент. Номхыгъды аразджытæ не ’рхастой цæвиттонтæ конкретон хъуыддæгтæ. -http://digit.ru/state/20110301/381184909.html

Документы автортæм гæсгæ, социалон хыз "Вконтакте", "æвæццæгæн йæ архайджытæн дæтты бар авторон бартæ цы халы, ахæм контентмæ". Владислав Цыплухин, социалон хызы пресс-службæйы хистæр, загъта: «Фыццаг хатт нæ куы схуыдтой пираттæй цыдæр æхсæнадæмон отчёты, уæд мах ницы сдзуапп кодтам, уый тыххæй æмæ уыцы отчёт арæзт æрцыд ахæм ассоциацийы фæрцы, кæцыйы ис æрмæстдæр æхцайы интерес. Ныр та USTR-ы хистæртæ дзурынц афтæ, фæлæ уыдон дард лæууынц æцæгдзинадæй æмæ ницы ’мбарынц нæ ног технологиты тыххæй уыцы фадыджы.»

Бирæ компанитæ æрхъула кæнынц сæ кусджыты, цæмæй кусæн бынæттæй сæ бон ма уа архайын ацы социалон хызæй, цæмæй фæфылдæр уа куысты æнтысындзинад. Бирæ ахуырадон уагдæттæ дæр нал дæттынц цæуын «Вконтакте»-мæ, уый тыххæй æмæ дзы ис порнографион контент.[15]

Æдасдзинад

[ивын | Бындур ивын]

«ВКонтакте» куыд иннæ стыр социалон хызтæ, у æвзæр адæмæн æнцон платформæ. Афтæ "къухæй" æрвыст фыстæджыты архайджытæн фæхъарынц сæ рейтинг фæфылдæр кæнын æнцонвадатон формæйы, ома, зæгъгæ SMS арвит цыдæр номырмæ. Бирæ хатт фыстæджытæ æрвыст цæуынц контактты номхыгъдмæ, курдиатимæ, ома, арвитут SMS ацы цыбыр номырмæ, цæмæй бахизыны бар фæзына цыдæр сайтмæ. Ахæм хъуыддæгты дзырд цæуы ууыл æмæ фыстæджытæ æрвыст цæуынц "рынчын" аккаунты уылтыл, кæдоныл вирус схæцыд троянон программæтыл уылтыл[16], зæгъæм, троян Trojan-SMS.J2ME.Konov.b[17]

Сæйраг статистикæ

[ивын | Бындур ивын]
  • 97 милуаны активон архайджытæ мæйы мидæг[18].
  • 6,5 миллиард фыстæджытæ боны мидæг.
  • 1 миллиард ныххæсты «Тынг у» боны мидæг.
  • 9 миллиард фыстыты бакастытæ боны мидæг.
  • 550 милуаны ног бакасты видеотæм боны мидæг.
  • 1-аг бынат адæмы рæстæгæрвыстмæ сервисты ’хсæн[19].
  • 77 % мобилон Рунеты архайджытæй[20].

ВКонтакте-йы тæлмац ирон æвзагмæ

[ивын | Бындур ивын]

Ирон интернет-активистты хъæппæрисæй 2009-æм азы райдыдта ВКонтакте ирон æвзагмæ тæлмацыл куыст. Фыццаг фыстæг ацы идейæимæ ВКонтакте-йы:

«

Аслан Кудзаев 2008-æм азы 28 июл, 13:56 — Не знаю обсуждалась ли эта тема на каких-нибудь форумах на этом сайте, но я решил предложить всем желающим перевести на осетинский язык сайт www.vkontakte.ru Для этого как я понимаю нужно 4–5 энтузиастов. Один (я т.е.) уже есть :-) [21]

»

Фæстæдæр фæзындис сæрмагонд къорд кæм сæмбырд ис тæлмацгæнджыты актив, уым цæуынц тæрхæттæ терминологийы æмæ цухдзинæдты фæдыл[22]. Вячеслав Ивановы æххуысæй фæзынд бастдзинад сайты администрацийымæ, у сайт ирон æвзагмæ тæлмацгæныны системæйы администратор. Дарддæр куысты рæстæджы дæр Вячеслав дары бастдзинад сайты хицауадимæ, хæццæ сæм кæны техникон проблемæты фæдыл фæрстытæ.

Уыцы куыстыл бацархайдтой Ирон Википедийы иуæй-иу архайджытæ дæр. Тæлмацгæныны бар кæмæ уыдис уыдонæй уæлдай сбæрæг кæнын ис цалдæры[23]

2010-æм азы 27 мартъийы ирон интерфейс скуыста. Дарддæр цæуы йæ цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл куыст.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 6 ноябры. Архив 2013-æм азы 28 июлы.
  2. https://online-vkontakte.ru/2018/10/skolko-lyudej-zaregistrirovano-v-vk.html
  3. https://www.similarweb.com/website/vk.com
  4. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 22 декабры. Архив 2018-æм азы 12 ноябры.
  5. https://meduza.io/shapito/2016/11/28/poisk-propavshih-kotikov-prilozhenie-kotoroe-ischet-poteryavshihsya-zhivotnyh-s-pomoschyu-neyrosetey
  6. https://paperpaper.ru/papernews/2017/10/23/hackathon/
  7. https://mashable.com/2007/07/11/10-facebook-clones/
  8. https://vk.com/blog.php?nid=30
  9. https://vk.com/blog.php?nid=38
  10. http://www.advertology.ru/article60251.htm
  11. https://torrentfreak.com/riaa-reports-torrent-sites-rapidshare-and-rlslog-to-us-government-101111/
  12. https://www.vedomosti.ru/technology/news/2010/11/12/riaa_zanesla_vkontakte_v_spisok_rasprostranitelej_piratskoj
  13. https://www.bbc.com/russian/russia/2011/03/110302_vkontakte_infringing_list.shtml
  14. https://www.gazeta.ru/business/2011/03/01/3541569.shtml
  15. https://vk.com/blog.php?nid=76
  16. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 8 ноябры. Архив 2021-æм азы 15 августы.
  17. https://www.kaspersky.ru/about/press-releases?id=207732823
  18. https://vk.com/about
  19. https://vk.com/wall6492_5794
  20. https://roem.ru/18-04-2018/269966/mediascope-18/
  21. [1] Идейæйы фыццаг загъд
  22. [2]Фыццаг фыстæг ВКонтакте тæлмац кæныны тыххæй арæзт сæрмагонд къорды.
  23. Чи бахаста тæлмацмæ уæлдай фылдæр ивддзинады
  24. http://www.ironau.ru/vkos.html

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]