Википеди:Социалон амалхъомады тыххæй уацтæ фыссыны ерыстæ/Уацты идейæтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ерыстæ фесты. Ай у архив.

Ерысдзау! Бынæй цы уацты номхыгъд уыныс, уый сæрмагондæй арæзт æрцыд ерысты архайæгæн баххуыс кæнынæн. Галиуырдыгæй дзы амынд сты уырыссаг википедийы социалон амалхъомадыл фыст уацтæм æрвитæнтæ. Уыдон дæр арæзт сты уырыссагæвзагон википедийы æмрæстæг цæуæг ерысты руаджы. Ирон википедийы архайджытæн ис фадат уыцы уырыссаг æвзагыл фыст уацтæ тæлмац кæнын, æмæ сæ хæссын рахизырдыгæй сырхæй цы ирон уацты нæмттæ бæрæггонд сты, уырдæм. Уый тыххæй дæ хъæуы, цы уырыссаг уацы ратæлмац кодтай, уый бакомкоммæ сырх хуызæй ахуырст æрвитæныл æрхæцын. Байгомуæвæг рудзынджы равзар «скæнын ацы фарс». Фæлæ дæ уыдæтты размæ ма айрох уæд æнцон регистраци ахизын, цæмæй дæ бавæрд æбæрæгæй ма аззайа, æмæ дæ жюрийы уæнгтæ сæрмагонд таблицæмæ бахæссой.

Цавæр уацæн цал баллы райсæн ис, стæй фæуæлахизуæвæг цæмæй хорзæхджын æрцæудзæн, уый дæ бон у фенын ерысты ФÆТК æргомгæнæг фарсы. Амынд дзы сты жюрийы уæнгтæ дæр. Алкæй дæр дзы ис бафæрсæн куыд ам, афтæ сыл цы социалон хызы фæкомкоммæ уай, уым дæр.

Цыбырæй дзургæйæ — галиуырдыгæй тæлмацгæнинаг уырыссаг уацтæ, рахизырдыгæй — фæлдисинаг ирон аналогтæ. Сæ каст ма — æрмæст уæндонæй æвналæг ерысдзаумæ.

Фæлæ уыимæ дæ зæрдыл дар, ерыстæ — тæлмацы ерыстæ не сты. Уæлдай нымад уыдзысты дæхæдæг цы уацтæ сфæлдыстай, уыдон. Аргъ дæр сын уымæ гæсгæ, мадзалы фæткæвæрдмæ гæсгæ, бæзджындæр баллтæй лæвæрд цæудзæн.

Ерысы мидæг цы ног уацтæ саразæн ис, уыдоны номхыгъд (ам уырыссаг æвзагыл уацты рахизырдыгæй цы сæргæндтæ ис (сырхæй фыст), уыдон сты фыссинаг ирон æвзагыл уацтæ):

Хуыз 1 (æппæт дуне)[Бындур ивын]

Хуыз 2 (Уæрæсе)[Бындур ивын]

æмæ бирæ æндæртæ.

Уæлдæр амынд уацтæ йеддæмæ ма ис фыссæн æндæртæ, дæхи фæндмæ гæсгæ, æрмæст ерысты домæнты аккаг куыд уой, афтæ.