Википеди:Вики уарзы Кавказ 2019

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Вики уарзы Кавказ 2019» у вики-марафон, кæцы ацæудзæнис 2019 азы 7 октябрæй 7 ноябры онг. Марафоны сæр у Кавказимæ баст уацтæ фыссын. Йæ нысан у Кавказы географион объекттæ, культурæ æмæ фенддæгты тыххæй ног уацтæ ныффыссын алыхуызон æвзæгтыл. Марафоны бацархайыны бар ис алы архайæгæн дæр, Википедийы алы хайады дæр.

Цæгат Кавказы æвзæгты тыххæй куы дзурæм, уæд конкурсы сæйраг нысан у уыцы æвзæгтыл (ирон, лекъаг æмæ цæцæйнаг) кавказаг темæ рапарахат кæнын, архайджыты æхæсæнад Вики-змæлдимæ баиу кæнын, уыцы æртæ хайæдтæм ног архайджытæ ссарын.

Марафон аразынц Викимедиа Уæрæсе, Доны викимедийæгты къорд, Азербайджаны викимедийæгты къорд æмæ Гуырдзыстоны викимедийæгты къорд.

Конкурсы сæйраг нысантæй иу у кавказаг Викимедиаты æхсæн æмгуыстад фæтынг кæнын, Викимедиа-йы проекттæ дарддæр парахат кæнынæн фидар бындур сæвæрын.

Фæткойтæ

  • Конкурсы архайыны бар ис алы регистрацигонд архайæгæн дæр (регистрацийы датæ уæлдай нæу).
  • Уацы темæ хъуамæ баст уа Кавказы цыфæнды географион объект кæнæ фенддагимæ.
  • Уац конкурсмæ исынæн хъуамæ дзуапп дæтта ахæм домæнтæн:
    • Уац ирон æвзагыл саразын хъæуы (кæнæ та зæронд уацмæ бирæ бафтæуын) 2019 азы 7 октябрæй 7 ноябры онг.
    • Конкурсы архайæг уыцы уац сарæзта кæнæ та æндæр архайæджы уацмæ бирæ бафтыдта; бавæрды æппынкъаддæр бæрцуат у 200 дзырды.
    • Ног уацы хъуамæ уа æппынкъаддæр 5000 байты æмæ 250 дзырды.
    • Уацы предмет хъуамæ уа ахадгæ, тексты мидæг хъуамæ амынд уой ратæдзæнтæ.
    • Уацтæ хъуамæ уой хæрзхъæд. Алы дызæрдыггаг хъуыды хъуамæ фидаргонд уа авторитетон ратæдзæнтæй.
  • Уæлахизгæнджынты-иу куы бæлвырдæуыдзысты, уæд жюри æркæсдзæнис куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ нымæцмæ. Хæрзхъæд уац хъуамæ уа бæрцуатæй зынгæ, хъуамæ дзы уой нывтæ, йæ темæ æххæстæй афыссын хъæуы, хъуыдытæ — ратæдзæнтимæ сбæлвырд кæнын, текст — аивæй аразын.
  • Жюрийы бон у архайæджы конкурсæй раппарын, уый «намысджынæй куы нæ архайа», уæд. Ахæм хæлдтыты æхсæн сты роботтæй пайда кæнын, иу суткæйы фылдæр ног уацы тыххæй нæ фехъусын кæнын, рагагъоммæ фыст уацтæ къордгай равæрын стæй та иннæ къуылымпыгæнæг архайд.

Призтæ

Викимедиа Уæрæсе æмæ Доны викимедийæгты къорд марафоны уæлахизгæнджытæн радих кæндзысты æртæ призы.

  • Фыццаг бынат :
  • Дыккаг бынат :
  • Æртыккаг бынат :

Организатор

Жюрийы уæнгтæ

Æрвитæнтæ

Azerbaijani Wikimedians User Group Wikimedia UG Georgia Don Wikimedians User Group Wikimedia Russia