Википедийы тæрхон:Хъазуатон куыст

Содержимое страницы недоступно на других языках.
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Август ’09[Бындур ивын]

Æз августæн равзæрстаин ахæм куыст: дарддæр фыссын Италийы тыххæй æмæ раст кæнын цæттæ статьяты рæдыдтæ. Уымæн æмæ ныртæккæ улæфты æмæ каникулты афон у æмæ википедийыл кусынæн бирæ рæстæг нæй. --Dziglo 06:24, 4 июлы 2009 (UTC)[ответить]
Разы дæн демæ, фæлæ уымæн схъæлæс кæнын хъæуы. Æз æй *оформит кæндзæн. — Amikeco 21:18, 4 июлы 2009 (UTC)[ответить]

Май, апрель[Бындур ивын]

Апрель æмæ майы мæйты та цавæр темæтыл фыссæм?! Dziglo 07:40, 12 апрелы 2009 (UTC)[ответить]

Апрелмæ мæнæ ацы темæтæ æвзæрст æрцыдысты:
Маймæ хъæлæс кæнын хъæуы. — Amikeco 08:00, 12 апрелы 2009 (UTC)[ответить]

Проекты ном[Бындур ивын]

Мæнмæ гæсгæ проекты ном у тынг æвзæр. Ныхас хъазуат уырыссагау у яростный бой. Æмæ, Уасо куыд зæгъы, рашыдис арабаг ныхас gazwa'йæ, шы уырыссагау у поход на неверных, газават. Уасо афтæ зæгъы æмæ ушы ныхас æрбашыдис ирон адæмы пысылмон сыхæгтæй. Стæй ма ашы ныхас бирæтæ нæ зонынч, зæгъæм Хуссар Иры йæ сæ фылдæр нæ зонынч. Афтæ куы зæгъон мæ хъазуат сыгъдæг ирон ныхас нæу, уæд раст уыджæн. Шæйут мæ æндæр æвзæгтæй ист ныхæстæй пайда кæнæм æрмæст еуæд, кæд сыгъдæг ирон (ома ирайнаг этимологиимæ) ныхас нæ арæм.

Ис æндæр ныхас - æнгом. Мæ умæй хуыздæр нишы фидауы проектыл. Æнгом куыст. Шæйут мæ проектæн йæ ном фæивæм Æнгом куыстмæ.--Bouron 11:17, 17 сентябры 2011 (UTC)[ответить]

„Хъазуатон“ уыдис 1920-1930-æм азты сæйрагдæр ныхас, уырыссагау „ударный; ударник“ цы хуыдтой, уымæн. Цыдис журнал „Литературон хъазуатон“ („Литературный ударник“ йæ тæлмац кæнон?), уыдис популярон дзырдбаст „хъазуатон куыст“ (ома, ударный труд). „Æнгом“ дæр хорз дзырд у бæргæ, æмæ проекты нысан уый дæр хорз æвдисы (канд хъазуатон, карз куыст нæу, фæлæ иумæйаг, æнгом куыст дæр). Сæ дыууæ дæр мæ зæрдæмæ цæуынц, æндæр архайджытæ цы хъуыды кæнынц, уымæ æнхъæлмæ кæсæм. Amikeco 12:51, 17 сентябры 2011 (UTC)[ответить]