Перейти к содержанию

Википедийы тæрхон:Хицауадмæ фыстæг

Содержимое страницы недоступно на других языках.
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Ирон адæмæн Хуыцау радта ирон æвзаг — æмæ Хуыцауы лæвар аппарæн нæй, уый стыр тæригъæд у. Æнæ ирон æвзагæй æмæ æгъдауæй махмæ фидæн нæ уыдзæн!»

Может точнее было бы:

«Ирон адæмæн Хуыцау радта ирон æвзаг, æмæ Хуыцауы лæвар аппарæн нæй, уый стыр тæригъæд уаид. Æнæ ирон æвзаг æмæ æгъдауæй махæн фидæн нæ уыдзæн!»

Но уверенности нет, особенно насчет махмæ-махæн. --Dziglo 17:24, 17 январы 2010 (UTC)[ответить]

у - уаид мне лучше кажется как есть у. А вот твой вариант махаен лучше - махмае коряво там читается Цæра 20:06, 17 январы 2010 (UTC)[ответить]

«Æвзаг цардархайды æппæт къабæзтæй фæцух кæн æмæ йæ æрмæст бинонты ’хсæн дзурынæн æмæ фынджы уæлхъус кувынæн ныууадз — уæд уый уаид, æргомæй зæгъгæйæ, æвзаг марыны тæрхон, уымæн æмæ нæ алфамбылай алцыппæт æцæгæлон æвзагыл куы уа, уæд бинонты ’хсæн мадæлон æвзаг дæргъвæтин рæстæджы дæргъы æнæхъыгдардæй фæцæра, уымæн уæвæн нæй.»

Ацы хъуыдыйады дзырд «æвзаг» æмбæлы цыппар хатты. --Dziglo 11:50, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

«Æвзаг цардархайды æппæт къабæзтæй фæцух кæн æмæ йæ æрмæст бинонты ’хсæн дзурынæн æмæ фынджы уæлхъус кувынæн ныууадз — уæд уый уаид, æргомæй зæгъгæйæ, марыны тæрхон рахæссагау нæ хæзнайæн, уымæн æмæ нæ алфамбылай алцыппæт æцæгæлон æвзагыл куы уа, уæд бинонты ’хсæн мадæлон ныхас дæргъвæтин рæстæджы дæргъы æнæхъыгдардæй фæцæра, уымæн уæвæн нæй.»

Афтæ ис гæнæн? Цæра 12:56, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

Ацы ивддзинад дæр бахастон! --Dziglo 13:20, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

«Æмæ нæ адæм уый дзæвгар хæттыты равдыста!» Ам, æвæццæгæн, дзырд «дзæвгар» нæ бæззы. «Бирæ» растдæр уаид, фæлæ ацы дзырдæй ай размæйы хъуыдыйады спайда чындис. Нæ зонын афтæ арæх иу дзырд фыссын, цас хорз у. --Dziglo 12:04, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

«Æмæ нæ адæм уый иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой!» ? Цæра 12:56, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

Ныртæккæ йæ баивдзынæн! --Dziglo 13:17, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

Мæнæ ацы хъуыдыйад та уæм куыд кæсы: «Ныфс мæ ис, сымах æххæстæй дæр кæй æмбарут, нæ национ традици адарддæр кæныны хъуыддаджы сымахмæ цы историон бæрн ис, уый.»? Æнæлæгъз нæу? Стæй сымахмæ, сымахæн æви сымахыл? --Dziglo 13:23, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

«Ныфс мæ ис, æххæстæй йæ кæй æмбарут, нæ национ традици адарддæр кæныны хъуыддаджы сымахмæ цы историон бæрн æрхаудта, уый.» ? Цæра 17:25, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]


Стæй мæнæ ай дæр:

«Хуыцау бахизæд, фæлæ, мыййаг, ирæттæ сæ мадæлон æвзагыл нал дзурой...»

Æви афтæ:

«Хуыцау бахизæд, фæлæ, мыййаг, ирæттæ сæ мадæлон æвзагыл куы нал дзурой...»

Фыццаг вариант мæм растдæр кæсы. --Dziglo 13:26, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

Мæнмæ та дыккаг. "сæ мадæлон æвзагыл нал дзурой" может приобрести оттенок - "не говорят о родном языке" а не "не говорят на родном языке" а во втором все устойчиво. Цæра 17:25, 4 февралы 2010 (UTC)[ответить]

Хуыздæр куыд уаид: тынг тыхсын кæны æви стыр мæты æфтауы? Dziglo 21:30, 5 февралы 2010 (UTC)[ответить]