Википедийы тæрхон:Аргъгонд æрмæг
Аргъгонд ӕрмӕджы проект
[Бындур ивын]Мӕнмӕ гӕсгӕ ирон Википедийы тынг нӕ фаг кӕны ахӕм проект, кӕцы уацтӕ сӕ хъӕдмӕ (качество) гӕсгӕ нысан кӕна. Ӕз акастӕн Википедийы уацтыл, ӕмӕ, хъыгагӕн, сӕ фылдӕр сты иу кӕнӕ дыууӕ хъуыдиадӕй, грамматикон рӕдыдтытимӕ кӕнӕ тынг зын фӕрсӕн. Ӕркастӕн хуыздӕр уацтӕм дӕр, ӕмӕ дзы цы федтон уый мӕ зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ фӕцыд. Цалдӕр мӕйы сӕйраг фарсыл, «хорз уацӕй» лӕууы Тигры тыххӕй уац, кӕм тӕккӕ фыццаг абзацы ис фыст «...уый та йæхæдæг цæуы рагперсæйнаг *tigri, уидагæй «*taig» нысаниуæгимæ «цыргъ; цырд».» Дыггаг абзацы та ис «...æмбæлынц мыггаг гæдыты егъаудæр цæрæгойтæ». Уый ирон æвзаг кæй нæу ууыл ныхаскæнын дæр нæ хъæуы. Куыд бахауд сæйраг фарсмæ уый дæр диссаг у.
Мæнмæ гæсгæ ай сраст кæнынæн хъæуы уац аргъкæнынæн уаг сæвæрын. Равзарæм аргъгонд уацты категоритæ, сæ критеритæ æмæ æнд. Уый тынг схæсдзæн Википедийы хъæдыл. Архайджытæн фæзындзæнис хорз уацтæ фыссыны стимул. Чизоны ног архайджытæ дæр фылдæр фæзынын кæна. Цалдæр адæймаг мын загъта, бахызтæн дам Википедимæ, æмæ дам дзы ницы бамбæрстон. Уæццæгæн иу тигры тыххæй фæрсын байдыдтой.
Дæлдæр къахдзæфты хай бакæндзæн. Алчидæр æй раст кæнæт.--Bouron (ныхас) 22:26, 9 октябры 2012 (UTC)
Тынг бирæ рæстæг рацыд, æмæ ничи ницы загъта. Уый тыххæй æз ацы проектыл кусын байдайдзæн. Кæд исчи афтæ хъуыды кæны æмæ нæ ацы проект нæ хъæуы, уæд æй зæгъæт. --Bouron (ныхас) 21:59, 28 декабры 2012 (UTC)
Къахдзæфтæ
[Бындур ивын]Адон сты проектæн уаг сæвæрыны къахдзæфтæ.
- Сбæрæг кæнæм цавæр аргъгонд хуызтæ нæ хъæуы. Зæгъæм, бирæ Википедиты ис иттæг хорз æмæ нæуи хорз уацтæ. Куыд featured æмæ good англисагы. Бирæты ис хорз номхыгъдтæ, информациджын уацтæ æмæ æндæртæ. Ацы къахцæфы архайджытæ тæрхон кæнынц ирон Википедийы цавæр хуызтæ хъуамæ уа, ууыл. Тæрхон цæуы сæрмагонд хайы. Кæд искæй фæнды хуыз разæвæрын (предложить), уæд уыцы хайы, хуызæн ног хай бакæнæд, æмæ йыл архайджытæ атæрхон кæндзысты.
- Сбæрæг кæнæм цы хуызтæ равзæрстам, уыцы хуызтæм бахауыны домæнтæ.
Хуызтæ
[Бындур ивын]Ам архайджытæ тæрхон кæнæнт аргъгонд уацтæн цы хуызтæ хъæуы бакæнын, ууыл.
Иттæг хорз уац
[Бындур ивын]Хъæуы. Алы викийы дæр ис иттæг хорз æмæ хорз уацтæ. Мæнмæ гæсгæ уыдон сты аргъгонд уацты уидаг. --Bouron (ныхас) 22:26, 9 октябры 2012 (UTC)- Мæ хъæлæс здахын. Нæ хъæуы. Æгæр цъус архайджытæ нæм ис.--Bouron (ныхас) 10:45, 2 январы 2013 (UTC)
Хорз уац
[Бындур ивын]- Хъæуы. Алы викийы дæр ис иттæг хорз æмæ хорз уацтæ. Мæнмæ гæсгæ уыдон сты аргъгонд уацты уидаг. --Bouron (ныхас) 22:26, 9 октябры 2012 (UTC)
- Хъæуы æрмæстдæр уый. "Алы вики" мах нæма стæм; канд уацты нымæц нæ, фæлæ тæрхонгæнджыты нымæц нæм у хæрз чысыл. Amikeco (ныхас) 13:25, 31 декабры 2012 (UTC)
Æххæст уац
[Бындур ивын]Хъæуы. Æххæст уац хъуамæ уа ахæм уац, кæм, нæ бон цы у, уый ныффыстам. Ома информацийæ æххæст у. Уый тыххæй цыдæриддæр бæрæгис æмæ энциклопедион у, уый фыст у. Ацы хуыз сынцайдзæн гыццыл уацты хъæд. Зæгъæм, метр, январь, къуырисæр æмæ æндæртæ. Уыцы темæтæ иттæг хорз никуы суыдзысты, уымæн æмæ стыр не сты. Фæлæ уыдон дæр ахсджиаг сты, æмæ ацы хуыз уыцы уацтæ хуыздæр кæнынæн стимул раддзæн.--Bouron (ныхас) 22:26, 9 октябры 2012 (UTC)- Мæ хъæлæс здахын. Нæ хъæуы. Æгæр цъус архайджытæ нæм ис.--Bouron (ныхас) 10:45, 2 январы 2013 (UTC)
Æвзæрстытæ
[Бындур ивын]Мæнмæ ахæм хъуыды ис, цæмæй ацы проект æрмæст æвзаргæ нæ, фæлæ уацтæ хуыздæр дæр кæна.
- Хорз уацæн
Зæгъæм хорз уац сæвзæрдис. Уæд уыцы уацы тыххæй исчи проекты сæрмагонд хайы хъусын кæны. Уыцы хай бæрæг кæны бæззы лæмбынæг æркастæн æви нæ. Кæд бæззы, уæд уац хъуамæ ахиза цалдæр лæмбынæг фæлварæны (сгарсты):
- Мидисы фæлварæн.
- Грамматикон фæлварæн.
Уац хъуамæ уыцы дыууæ фæлварæнмæ гæсгæ дæр хорз разына.
Мидисы фæлварæн æй информацийæ æххæст кæны. Исы уæлдай информаци, æвæры хъæугæ информаци æмæ йæ нейтралон кæны. Грамматикон фæлварæн та йæ грамматикæмæ гæсгæ раст кæны.
Фæлварæнтæ цæуынц афтæ. Алчи уац лæмбынæг фæрсы, æмæ цæй мидæг дызæрдыг кæны, уый фыссы проекты сæрмагонд фарсыл, цæмæй ыл алчидæр атæрхон кæна. Цалынмæ проекты архайджытæ алы ныхас дæр иумæ ма сбæлвырд кæной, уæдмæ уацæн хорзы нысан лæвæрд нæ уыдзæн.
Уый у æз куыд уынын æвзарыны процесс. Иттæг хорз æмæ æххæст уацтæн фæстæдæр.--Bouron (ныхас) 22:22, 28 декабры 2012 (UTC)
Ног фæлварæнтæ.
- Мидис. Фыццагдæр йæ мидисæй хъуамæ æххæст уа, æмæ нейтралон. Уӕлдай цыдӕртӕ дзы ма хъуамӕ уа, ӕмӕ цух мацӕмӕй хъуамӕ уа.
- Æвзаг. Дыггаг, уацы æвзаг хъуамæ литературонмæ æппæты æввахс уа. Текст хъуамæ уа баст æмæ энциклопедион стилы фыст.
- Грамматикæ. Тексты ма хъуамæ уа грамматикон рæдыд.
- Уацы арæзт (Оформление). Уац хъуамæ раст амад уа. Цы хуызæгтæ æмбæлы уыдон хъуамæ уой. Бæзджынæй цы хъуамæ уа, уый хъуамæ бæзджын уа, æмæ афтæ дарддæр.
Ай у æз куыд уынын хорз уац æвзарыны процесс (æмæ хорз уацмæ бакæныны процесс).--Bouron (ныхас) 14:13, 28 апрелы 2013 (UTC)