Бырсæг уæйгуытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сингэки но Кёдзин, Shingeki no Kyojin (яп. 進撃の巨人 «Бырсæг уæйгуытæ») — Хаджиме Исайамæйы мангæ. Мыхуыр-æддæдзыд у Bessatsu Shonen Magazine журналæй, рауагъдад "Коданся"-йы, 2009 октябрæй.

Мангæйы архайд цæуы XVIII-XIX æнусты Европæйы хуызон æрымысгæ бæстæйы. Йæ хабар куыд амоны, афтæ, мангæйы уацæй æнус раздæр, адæймагад бындзагъдмæ ’ввахс систы æнахуыр æмæ сæ кой кæмæн никуы уыди, ахæм гиганттæй — адæмы цалдæр къæмццæн чи хордта, дынджыртæ æмæ æнæмбаргæ фæлдисонтæ.

Бирæ æзтыдæргъы адæм уыдысты уæйгуыты «хæринаг», æмæ се ’рбабырсты фæстæ скуынæг сты бынтон. Чи ма цæ баззад, уыдон бамбæхстысты æртæ æмбонды фæстæ — Синæ (æддаг къул), Розæ (астæуккаг къул) æмæ Мариа (мидæггаг къул). Гъеуæдæй фæстæмæ сæдæ азы рацыди сабыр цардæй æмæ адæмы ныфс бацыд, æдас кæй сты уыцы æмбæндты фæстæ. Фæлæ ацы сабырады азты тыххæй туджы аргъ бафидын бахъуыд, сæдæ азы размæйы абуалгъ цагъд та куы райдыдта нæуæгæй: къул, кæцы сæ хъагкæдта уæйгуытæй, саст æрцыди сæ иуæй, фæстæдæр Колосс (колоссалон уæйыг, зæгъгæ) кæй схуыдтой, уымæй. Марийæ-къулы фæстæ цæрджытæн се ’рдæг хæрд фесты, мидæмæ цы уæйгуытæ райдыдта бырын, уыдонæй, зæххытæн се ’ртыккагæм хай фесæфтой; суынгæджы сты æмæ се ’ппæты дæр бахъуыд Розæ-къулы фæстæ балидзынмæ.

Эрен Йегерæн уæйыг йæ мады куы бахордта йæ цæстыты раз, уæд цæссыгрæдадзгæ сомы ракодта, уæйгуыты се ’ппæтты дæр кæй амардзæн æмæ сæ духи дæр кæй нал баззайын кæндзæн зæххыл! Уыцы ныхæсты фæстæ Эрен бацыд æфсæдахуыры корпусмæ, цæмæй йæ бæллиц сæххæст кæна — суа сгарæг æмæ балцы ацæуа фæскъулмæ, уæйгуыты цæгъдынмæ. Йæ ныййарджытæ æмæ-иу йе ’мбæлттæ уыцы хабары тыххæй ныхмæлæуд уыдысты, фæлæ Эрены фыд æбæрæг сæфт фæкодта, йæ мады та йын гигант бахордта, уый адыл Микасæйæн дæр (иу чызг, Йегертæ йæ иу азы размæ баазтой сæхимæ, йæ ныййарджыты йын уацайргæты уæйгæнджытæ амардтой) æмæ Арминæн æндæр ницыуал баззад Эрены фæдыл æфсадахуыры корпусмæ ацæуыны йеддæмæ, цæмæй дарддæр хъахъхъæной адæмы цы мурбæрц баззад, уыдоны, æмæ сæйраг та — кæрæдзи.

Цъус зондæуы уæйгуытæ кæцæй æмæ куыд фæзындтысты. Æрмæст 3-15 метрмæ бæрзæндæн кæй сты, æмæ ма адæмы инстинктивон атакæ кæй кæнынц. Уымæн æмæ фæскъул цæрæгойтæ иууылдæр æгас сты, уæйгуытæ цæм не вналынц æппындæр. Нæдæр сæ хъæуы хæрын, раст зæгъгæйæ, хуры тынтæй сты æфсæст хъомысæй уа, йе хæлцæй. Фæлæ адæймагы куы фенынц, уæд ыл сæхи ныццæвынц цæмæндæр. Бæзджын царм æмæ регенеративон миниуджытимæ сты, уымæй уæлдай. Амарæн сæ ис æрмæст иу хуызы — хъуамæ сын сæ бæрзæй, сæ къæбут кæцы у, уый арф лыг ныккæнай æхсаргардæй. Æмæ иттæг зын скæнæн у ахæм цыдæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Уый охыл æрымысдæуыд Вертикалон Манёвыргæнæн Гæрзтæ (ВМГ) — астæуыл даргæ, ставд роны хуызон, кæцы æртæ фарсы ’рдæм дæтты фадат «стæхынмæ», йæ фæрстырдыгæй дзы цы къæндзытимæ бæндæнтæ рацъыввытт кæнынц, æмæ бæрзæнды къул уа, йе бæлас-исты, ууыл фæцангал кæнынц, стæй ма афтæ тагъдæй йæ архайаджы дæр уысм-æлваст скæнынц хæрдмæ. ВМГ дæтты стыр мобилады миниуджытæ йæ фæлтæрд пайдагæнæгæн æмæ домы тынгдæр физикон цæттæйад ’мæ цырдад.

Аниме у тынг трагикон æмæ геройты æвдисы тагъд-асгæнгæйæ, сæ сусæг арф æмæ карз хъуыдытимæ цард æмæ растыл, сæ тастимæ, алыварс куыд уынынц æрмæст туг, æмбæлтты мæлæт æмæ ма ахæм уавæрты уæвгæйæ дзы уæддæр фаг бынат ис гадзрахатдзинадæн дæр.