Бургъустаны тох

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Уырыссаг Мидхæсты дыккаг ӕмбисы Бургъустаны тох (1920-ӕм азы сентябрӕй) раз цы тох уыд. Урсӕгты ныхмӕ тох кодта.[1][2]

Гæджиты Бабил рауагъта иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй дзы авдсӕдӕ ирон большевик ӕфсӕддонтӕ уыцы тохы фӕмард. Бафӕдзӕхста 193-ӕм «2-ӕм Хуссар Ирон партизан Бригады» дӕр тохы.[3][4]

Баситы Залинæйы æмдзæвгæ "Бургъустан"[ивын | Бындур ивын]

Хуссар Ирыстоны тохы сидт айхъуысти,
Змæнты Деникин мæгуыр лæджы цард,
Райгуырæн зæххæй Бургъустанмæ арaст и
Сахъгуырд хъæбатырты фистæг æфсад.
Карз тох ысхæцыд Бургъустаны арвы бын,
Размæ лæбурдта æнæрай фыдгул,
Кодтой нæртонгуырдтæ знаджы сæ къæхты бын,
Сау хæсты фæздæджы æныгъуылд хур.
Иры æхсарджын лæппутæ фæрсæй-фæрстæм
Иумæ ныццагътой сæ зæрдæтæй арт.
Фæлæ Бургъустаны тугæйдзаг бæстæйы
Знаг сын ныссагъта сæ фæсонты кард.
Тар æхсæв стыр фыдох уайтагъд æрбахаста,
Оххай, кæм уыдтæ, нæ Иунæг Хуыцау?!
Хуссар Ирыстон йæ хъæбулты сау мастæй
Ногæй куы адардта, раздæрау, сау.
Кад æмæ намыс – нæ зынгхуыст хъæбатыртæн,
Иры цæргæстæ – нæ хæстон æфсад –
Радтой сæрибары цардæн сæ базыртæ.
’Рхастой нывондæн сæ зæрдæты арт.[5]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Тохы æмæ арты гуырд фæлтæр — Хурзæрин (xurzarin.ru) Плиты Гацыр — йæ чиныг схуыдта: «Мæлæм! Уæд лæугæйæ». Рацыдис горæт Цхинвалы, 2020 азы.
  2. Боргустан. Вехи памяти » Газета «Республика» (respublikarso.org)
  3. Бадила ГАГИЕВ. Автобиография - Дарьял (darial-online.ru)
  4. Уанелаг хъæбатыр хæстон — Хурзæрин (xurzarin.ru) Ацы аз Стыр Уæлахизыл 75 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд  ветерантæй бирæ бинонты фæнды, цæмæй сын нæ газеты фæрстыл æрымысæм сæ хæстонты рухс нæмттæ. Абон уæ зонгæ кæнæм Уанелы хъæуккаг Гаглойты Георги Газаны фырты хæстон цардвæндагимæ.
  5. Бургъустан (iriston.com). Фрагменттæ кадæгæй