Брюсселы трамвай
Внешний вид
| Брюсселы трамвай | |
|---|---|
| | |
| Тип | Трамвайон системæ |
| Ран | Брюссель, Бельги |
| Бындурæвæрд | 1869-æм азы 1 майы |
| Маршрутты нымæц | 18 |
| Сайт | stib-mivb.be |
| Дæргъ | 140,6 км |
Брюсселы трамвай у Брюсселы сахары æхсæнадон транспорты хуызтæй иу. У сахары организаци STIB/MIVB-йы дæлбар.
Конкæ (бæхтрамвай, бæхпоезд) Брюсселы фæзынди 1869-æм азы, 1877-æм азы дзы пайда кæнын райдыдтой тæфæйдзу трамвайтæй, 1894-æм азы та сахары райдыдта кусын электрон трамвай (уыди бæстæйы фыццаг ахæм).
Брюсселы ис уæрæх трамвайон хыз. 2007-æм азы кæронмæ сахары куыстой 18 маршруты.
2007–2008-æм азты арæзт цыди хызы реорганизаци — иуæй-иу маршрутты трассæтæ æрцыди ивд, фæзынди ног маршруттæ, сæхгæдæуыд цалдæр зæронды.