Перейти к содержанию

Боцуатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Боцуатæ
Равзæрд Дзанæгатæ[1]
Къабæзтæ Бидартæ[1]
Кæм цардысты Джимара

Боцуатæ[1] (уырыс. Боцоевы) сты ирон мыггаг.

Дзанæгаты Малсæгыл сæдæ дæс азы цыд. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Бацуатæ сты Дзанæгатæй. Тырсымæ ацы мыггагæй фыццаг чи балыгъд, уый дардта даргъ боцъо æмæ йæ адæм уымæ гæсгæ схуыдтой Боцъо, йæ фæстагæтты та — Боцуатæ. Фæстæдæр Боцуатæй иу хæдзар ралыгъд Бæрзæфцæгмæ æмæ уым куыста дзæнгæрæгдзæгъдæг-фидиуæгæй. Уæды заманы иу мыггагæн дыууæ раны зæххы хæйттæ дæттæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ бинонты хистæры Бидары номæй сæхи ныффыстой Бидартæй. Афтæ Дзæнæгатæй равзæрд дыууæ мыггаджы: Боцуатæ æмæ Бидартæ.[2]

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1 2 3 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Таурæгъ ныффыста Бæциаты Агуыдз. Ныммыхуыр æй кодта йæ уац «Тырсыгом»-ы, «Рæстдзинад», 1993, № 119.