Боккаччо, Джованни
Джованни Боккаччо | |
---|---|
итал. Giovanni Boccaccio | |
Райгуырды датæ | 1313 |
Райгуырæны бынат | Чертальдо, Флоренцийы республикæ |
Мæлæты бон | 1375-æм азы 21 декабры[1][2][…] |
Мæлæты бынат | Чертальдо, Флоренцийы республикæ |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | новеллист, поэт, дипломат, тæлмацгæнæг, биограф, мифограф, фыссæг |
Сфæлдыстады азтæ | 1323[3] — 1373[3] |
Уацмысты æвзаг | рагон италиаг, латинаг |
Викикъæбицы медиа |
Джованни Боккаччо (итал. Giovanni Boccaccio; райгуырдис 1313-æм азы Чертальдойы кæнæ Флоренцийы — амардис 1375-æм азы 21 декабры Флоренцимæ хæстæг Чертальдойы) — зындгонд итайлаг фыссæг æмæ поэт, Сæндидзæн дуджы гуманистон литературæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу.
Боккаччо у антикон сюжеттыл фыст поэмæты автор. Уыдонæй æддæ ма ныффыста психологион уацау «Фьямметта» (1343, мыхуыры рацыди 1472-æм азы), пасторальтæ, сонеттæ, биографион чиныг «Данте Алигьерийы цард» (фыст æрцыд 1360-æм азмæ æввахс, мыхуыры рацыди 1477-æм азы).
Фыссæджы сæйраг уацмыс у «Декамерон» (1350—1353, мыхуыры рацыди 1470-æм азы). Ацы чиныг у эротикон, реалистон новеллæты æмбырдгонд. Новеллæты бæрæг зыны гуманистон идейæтæ, сæрибархъуыды, антиклерикализм, цардбæллон юмор. Фыссæг чиныджы курдиатджынæй равдыста уæды итайлаг æхсæнады æгъдæуттæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Dizionario Biografico degli Italiani (итал.) — 1960.
- ↑ Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ 3,0 3,1 RKDartists (нидерл.)