Биазыртæ
Внешний вид
Биазыртæ | |
---|---|
Биазæртæ | |
Æндæр вариант | Биазартæ |
Рагон мыггаг | Сидæмонтæ |
Æрвадæлтæ | Тедетæ, Лалытæ, Муритæ, Агетæ, Дзодзитæ, Дзедихъотæ, Хъæбæлотæ, Садихъотæ |
Биазыртæ кæнæ Биазæртæ (уырыс. Бязровы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Дæйыхъæуы Ос-Бæгъатыры фырт Сидæмоны къабазæй. Мыггаджы фыдæл Биазыр уыд Сидæмоны фырт Сукъайы байзæддаг. Биазыр куы слæг æмæ йæ фыдæй куы рахицæн, уæд йæ мыггаг йæхи номыл скодта æмæ афтæмæй Дæйы фæзынд Биазырты мыггаг.
Таурæгъмæ гæсгæ, Биазыртæн æрвадæлтыл нымад цæуынц Хуссар Ирыстоны Тедетæ æмæ Лалытæ, Цæгат Ирыстоны та Муритæ, Агетæ, Дзодзитæ, Дзедихъотæ, Хъæбæлотæ æмæ Садихъотæ. Биазырты мыггагæй дæр чидæртæ æрбалыгъдысты Дыгургоммæ æмæ æрцардысты Стыр Дыгуры.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.