Беринг, Витус

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Витус Беринг
дан. Vitus Jonassen Bering
Гуырæн ном дан. Vitus Jonassen Bering
Райгуырды датæ 1681-æм азы 5 августы(1681-08-05)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 8 (19) декабры 1741[2][3][4] (60 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз бæлццон-иртасæг, гидрограф, æфсæддон-денджызон афицер, денджыздзау
Æмкъай Аннæ Беринг[d]
Автограф Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ви́тус Ионассен Бе́ринг (дан. Vitus Jonassen Bering; уырыссагау æй хуыттой Иван Иваны фырт Беринг; райгуырдис 1681-æм азы 12 августы, Хорсенсы, Данийы — фæхъуыди 1741-æм азы 8 декабры, Беринджы сакъадахы) — денджыздзау, уырыссаг флоты афицер, капитан-командор. Йæ равзардæй данийаг адæмыхаттæй у.

1725-1730 æмæ 1733-1741 æзты армдар уыди Фыццаг æмæ Дыккаг экспедициты Камчаткæмæ. Ацыд Чукоткæ æмæ Аляскæйы ’хсæн хуыйæндоныуылтыл (фæстæдæр æй Беринджы донкъубал схуыттой), бахæццæ ис Цæгат Америкæмæ æмæ Алеуты сакъадæхтæм. Беринджы номæй схуыттой сакъадах, донкъубал æмæ денджыз Сабыр фурды цæгаты, афтæ ма Командоры сакъадæхтæ дæр. Археологийы Сыбыры цæгат-скæсæн хай, Чукоткæ æмæ Аляскæ дæр (кæдон, дам, ныр куыд хъуыдыуæйы, рагзаманты æмиу кодтой зæххы тæлмæй), арæх фæхуындæуынц иумæййаг термин Беринги, зæгъгæ.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Витус Беринг райгуырдис 1681 азы Данийы. 1703 азы фæци кадетты корпус Амстердамы, уыцы азы ма бахызт уырыссаг службæмæ, дæлпоручичы чины, Ост-Индимæ балцы фæстæ, æмæ службæ кодта Уæрæсейы Балтийаг флоты, Стыр Цæгатон хæсты афон.

1707 аразмæуыд поручикы онг. 1710 азы акондæуыд Азовы флотмæ, аразмæ та йæ кодтой капитан-лейтенанттæм, командæ кодта снауæ «Мункер»-æй.

1710-1712 службæ кодта Азовы флоты æмæ уырысимæ хæцыд Турчы ныхмæ.

1712 акондæуыд Балтийаг флоты, 1715 азы 4-рæнхъы капитан сси.

1713 Выборджы ракуырдта Аннæ Кристинæйы, бынæттон бюргерты чызджытæй иуы. Беринг йæ райгуырæн бæстæйы фæстаг хатт 1715 азы уыди æмæ йæм уый фæстæ никуыуал ныздæхти.

1716 азы 4 рæнхъы капитан Витус Беринг командæ кодта нау «Пёрл»-æй. 1717 3 рæнхъы капитан сси. 1719 азы армдардта нау «Селафаил»-ыл. 1720 йæ фæци 2 рæнхъы капитан, æрмдарæг уыди нау «Мальбург»-ы, стæй — «Лесное»-йы. 1724 ссæрибардзыд ис службæйæ йæхи фæндæй æмæ та фæстæдæр фæстæмæ æрбаист, куыд «Селафаилы» командир 1 рæнхъы капитаны чины.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Den Store Danske Encyklopædi (дан.) — 1994.
  2. Крубер А. Беринг, Витус (уырыс.) // Барыкова — Бессалько — 1927. — Т. 5.
  3. 3,0 3,1 Энциклопедический словарь Сальмонсена (дан.)
  4. 4,0 4,1 Dansk Biografisk Lexikon (дан.)
  5. Nordisk familjebok (швед.) — 1876.
  6. http://gcaptain.com/maritime-monday-may-twenty-twentythirteen-iceicebaby/
  7. https://escholarship.org/uc/item/03g4f31t.pdf