Башибузуктæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
«Башибузук» («Албайнаг»).
Василий Верещагины конд ныв (18771878 азты)

Башибузуктæ (тур. başıbozuk; başı — сæр, bozuk — хæлд, дзырдæй-дзырдмæ: сæрхæлд) — афтæ хуыдтой, Османты империйы заман чи уыди, уыцы туркаг иррегулярон фистæгæфсады балтæ.

Башибузукты æххуырстой Османты паддзахады хæстæргомдæр знæмты ’хсæн, фылдæр Албанийы æмæ Чысыл Азийы.

Ацы æфсæддонтæн хицауадæй лæвæрд цыди хæцæнгæрзтæ æмæ хæлц, фæлæ мызд нæ истой. Башибузучы хотых уыди ахæм: æхсаргард, 3 метры дæргъæн арц, стæй иуæй-иутæн ма уыди дамбаца æмæ хъама.

Европæйы паддзахæдты ныхмæ хæстыты башибузуктæн сæ бон нæ уыди аккаг ныхкъуырд дæттын. Уыдоны сорганизаци æмæ бакоммæгæс кæнæн ницы амалæй уыди, суанг ма уый нæ бантысти, сæрмагондæй ууыл чи архайдта, уыцы европæйаг инæлартæн (францаг инæлар Юссуф, англисаг Битсон).

Башибузуктæй сабырцæрæг адæм цы стыгъдтытæ æмæ тыхмитæ æвзæрстой, уыдонæн кæрон скæнынæн туркаг регулярон æфсæдтæн-иу арæх бахъуыди сæ хæцæнгæрзтæ сын байсын.

Æххæстæй сæ æгъатырдзинад æмæ фыдмитæм æмхицдзинад уыдон равдыстой Болгарийы Апрелы растад ныссæсты рæстæг, стæй фæстаг уырыссаг-туркаг хæсты (1877–1878 азты).

Афтæмæй се ’нæхатырдзинады охыл башибузуктыл сбадти фидиссаджы гакк.