Перейти к содержанию

Баликъотæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Баликъотæ[1] (уырыс. Баликоевы) сты дыгурон мыггаг.

Баликъоты фыдæл, дам, Дыгургоммæ æрбафтыд Гуырдзыйæ. Фыццаг, дам, æрцард Дзæгъоныдоны рахиз фарс (Айгомæджы дон раздæр хуынд Дзæгъоныдон), Охъазтæ æмæ Тауаситы цур, уый фæстæ Баликъо слыгъд Фæснæлмæ, уым ус ракуырдта æмæ бинонты хицау ссис. Райгуырд ын фондз фырты: Бæгъа, Барæсбий, Агу, Дзилли, Слан.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.