Бæтмантæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Бæтмантæ (уырыс. Батмановы) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Таурæгъмæ гæсгæ, раджы рæстæджы Æхсæуы цард Сарахъатæй Муд, зæгъгæ. Муды хистæртæ нымайынц Сарахъатæн сæ фыццаг фыдæлыл. Мудæн уыд фырт — Гус. Цæйдæр тыххæй Муды амардтой Бадилатæ, йæ фырты та йын Сыбырмæ ахæссын кодтой. Фæстæмæ куы ’рыздæхт, уæд æй Сарахъатæ нал бауагътой сæ мыггагыл ныффыссын, афтæмæй æнæ мыггагæй куыста хъæуæн хъомгæсæй. Фос хизæггаг ын алы хæдзар дæр лæвæрдта бæтманы дзаг нартхор, адæм æм дзырдтой бæтманы номæй, афтæмæй Сарахъати Гусийы мыггаг ссис Бæтмантæй. Гус Чырыстонхъæуы ракуырдта ус, райгуырд сын фырттæ: Сандыр, Дзæппо, Дрис. Уыдон æмæ сæ цæуæт дæр сæхи фыссынц Бæтманты мыггагыл.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 49–50.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 41–42.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 80.