Африкæйы Цæдис
Внешний вид
Африкæйы Цæдис (АЦ, англ. African Union) у æхсæнадæмон организаци, кæцы иу кæны Африкæйы 55 паддзахады. Цæдисы бындур сæвæрдæуыд Дурбаны 2002-æм азы июлы, уæд АЦ баиу кодта Африкæйы иудзинады организаци (OAU) æмæ Африкæйы экономикон æмбалад (AEC).
Африкæйы Цæдисы ныры сæргълæууæг у Руандæйы президент Пол Кагаме (2018-æм азы январæй).
АЦ хъавы иумæйаг валютæ æмæ пайдайаг иумæйаг базар саразынмæ.