Артъауыз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Артъауыз кæнæ АртъауазХуыцауы коммæ чи нæ бакастис, æмæ уый тыххæй Мæйы мидæг æфсæн зæгæлтæй кæй ныххуыдтой æмæ зæдтæ кæй хъахъхъæнынц, ахæм фыдбылыз ирон мифологийы. Цæмæй Артъауыз ма раирвæза æмæ адæмæн мацы фыдбылыз скæна, уый тыххæй алы куырд дæр кусгæ кусын хъуамæ йæ дзæбугæй хъæсдарæг иу уæлдай цæф æркодтаид. Уый уыдис Артъауызы Мæймæ ныххуыйыны символ, уыимæ хъæсдарæджы зæлланг фынæй кæнын нæ уагъта йæ хъахъхъæнджыты. Мæйдалынгты рæстæг-иу ирон адæм æрæджы дæр ма хъæсдарджытæ хостой, топпæй æхстой Мæйы ’рдæм, цæмæй Артъауыз ма феуæгъд уа æмæ йæ хъахъхъæнджытæй ма раирвæза.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.