Аркъаутæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Аркъаутæ (уырыс. Аркаевы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Цæрынц Мæстинокы хъæуы. Раздæр цардысты Уæлладжыры комы. Хæхтæй быдырмæ куы лыгъдысты, уæд Аркъаутæ дæр алыгъдысты Мæздæгмæ, фæлæ Мæздæгмæ нæ фæхæццæ сты, фæстæмæ сæ рарвыстой хохмæ, кæцæй ралыгъдысты уырдæм — Дидинатмæ æмæ цардысты уым мæгуырæй. Иу бон, дам, Мæстинокы хъæуккаг Махъотæй иу лæг балцы уыд æмæ Дидинатмæ баздæхт Аркъаутæм йæ чызджы бæрæг кæнынмæ æмæ сæ баййæфта зын уавæрты. Йæ чызг йæ бирæ сывæллæттимæ зын уавæры цард. Йæ бон сын ницы æххуыс бацис, æрмæст сын сæ лæппутæй иуы, йæ ном — Хъайсæн, сæхимæ Мæстинокмæ скодта. Уым слæг, ракуырдта Цакъоты чызджы райгуырди сын фырттæ: Сланыхъо, Хæдæхчихъо, Дзаба æмæ æртæ чызджы. Сланыхъойы фырттæ сты: Дрис, Данел, Инал, йæ чызг Гуарæ. Хæдæхцыхъойы фырттæ: Владимир, Омар, Тазе, Хъамболат, Беслан, Созыр, Харитон. Дзабайæн уыд иунæг фырт — Барæтиндзгæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 37–38.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 32–33.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 192–193.