Аралы денджыз
Внешний вид
| Аралы денджыз | |
|---|---|
| хъаз. Арал теңізі, Aral teñızı, узб. Orol dengizi, Орол денгизи, каракалп. Aral teńizi, Арал теңизи | |
| Морфометри | |
| Фæзуат | 7297-8303 км² |
| Бассейн | |
| Æфтæг цæугæдæттæ | Сырдарья, Амударья |
| Ран | |
| 44°48′47″ с. ш. 59°36′55″ в. д.HGЯO | |
| Бæстæтæ | |
Аралы денджыз (хъаз. Арал теңізі [ɑɾɑl ti̯ɘŋɘzɘ́], узб. Orol dengizi [ɒɾɒl deŋgɨzɨ́]) у егъау цæхджын цад Хъазахстан æмæ Узбекистаны арæнтыл. Уымæ цы дыууæ стыр цæугæдоны æфтынц, Сырдарья æмæ Амударья, зæгъгæ, уыдоны дон-иу уагътой быдыртæм, уый тыххæй Аралы денджыз хус кæнын байдыдта. Йæ кæддæры фæзуатæй 10% фылдæр нæ баззад.
2008-æм азы кæронмæ раздæры цад у æртæ цады, æрмæстдæр йæ цæгатаг хай (æххæстæй Хъазахстаны у) у дзæбæх — Кокаралы донмарæны фæрцы йæ доны æмвæз рæзы, фæзынди дзы кæсаг дæр.

