Перейти к содержанию

Андиатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Андиатæ
Бындурæвæрæг Анди
Æрвадæлтæ Гуытъиатæ, Дзестелтæ, Æрчъынатæ, Хъамбегатæ
Мыггаджы хъæу Андиатыхъæу
Кæм цардысты Хилачъы ком
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Андиатæ[1] (уырыс. Андиевы) сты ирон мыггаг.

Таурæгътæм гæсгæ Анди уыдис Зæриноныхы цоты хистæр. Андийæн ма уыдис дыууæ ’фсымæры — Долæтмæрзæ æмæ Барталæг. Иннæты ныхæстæм гæсгæ та Андийæн уыдис фондз кæстæр æфсымæры — Гуытъи, Хъамбег, Дзестел, Æрчъын æмæ Джыга. Адонæй, дам, равзæрдысты хицæн мыггæгтæ.

Ахуыргæндты нымадмæ гæсгæ Анди æмæ йæ ’фсымæртæ цардысты XVI æнусы. Æмæ уый баурнинаг у.

Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, Андиатæ равзæрдысты мæхъхъæлон Яндиевтæй. Уый бауырнинаг нæу. Куыд дзурынц, афтæмæй мæхъхъæлон Яндиевтæ уыдысты ирон лæг Андийы байзæддæгтæ, иннæты ныхæстæм гæсгæ та уыдон сты Дагъистаны Андийæ. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, Андиевтæ бирæ адæмтæм ис, фæлæ уыдон кæрæдзийæн ницы бавæййынц.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ / Чиныг сарæзтой Гуыриаты Т., Мырзаганты М. æмæ æнд. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2007. - 464 ф.