Айнаг æвзаг
Айнаг æвзаг | |
---|---|
Хином: | [ai̯nu itak̚] アイヌ イタㇰ Aynu itak |
Бæстæтæ: | Япон |
Официалон статус: | Хоккайдо |
Æдæппæт дзурджыты нымæц: | 2 |
Классификаци | |
Категори: | Евразийы æвзæгтæ |
Ахибаргонд æвзæгтæ | |
ISO 639-1: | — |
ISO 639-2: | ain |
ISO 639-3: | ain |
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ |
Айнаг æвзаг у айнаг адæмы æвзаг, дзурынц ыл япойнаг сакъадах Хоккайдойы. Дзурджыты нымæц бирæ нæу: 1-3 мины бæрц. Кæддæр Японы хицауад тынг архайдта айнаг æвзаг фесафыныл. Фæстаг азты дæргъы та энтузиасттæ архайын райдыдтой айнаг æвзаг бахъахъхъæныныл. Æдæппæт Японы цæрынц 150-200 мин айнаджы, æмæ уыдонæн сæ фылдæр хай нал зонынц сæ мадæлон æвзаг.
Æвзаджы ном айнагау у アイヌ イタㇰ (иронау уаид /Айну итак/); япойнагау та: アイヌ語.
Фыссынад[ивын | Бындур ивын]
Айнаг адæм се ’взагыл фыссынц дыууæ хуызы: япойнаг фыссынад катаканæйæ æмæ латинаг алфавитæй дæр. Газет «Айну таймс» мыхуыр кæны æрмæджытæ, цы хуызы йæм сæ барвитынц, уыцы фыссынадæй.
Фонологи[ивын | Бындур ивын]
Хъæлæсонтæ сты 5:
i u e o a
Æмхъæлæсонтæ та фылдæр:
p t k ʔ (хъæлæсы урæд) s h c (иуæй-иу хатт хъуысы куыд [ʧ], [ʦ], [ʤ], [ʣ]) w y ([j]) m n r
Айнаг æвзаджы нæй æмхъæлæсонты къордтæ.
Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]
- Хъуыдыйæдтæ айнагау Архивгонд æрцыдис 16 октябры 2005 азы. (англ.)
- Айнаг дзырдтæ (яп.)