Аделантадо
Внешний вид
Аделантáдо (исп. adelantado «фыццагдзог») — колониалон Испанийы конкистадоры титул, кæцы-иу къаролæй æрвыстæуыд испайнаг бардарады сæрты, ног зæххытæ иртасынмæ æмæ бацахсынмæ.
Фыццаг фæсденджыз аделантадотæ уыдысты Колумбы хæстæджытæ — йе ’фсымæр Бартоломео æмæ йæ фырт Диего. Биминийы аделантадо уыди Понсе де Леон, Хуссары денджызты — Нуньес де Балбоа, Хъацæнты сакъадæхты аделантадо уыди — Магеллан, Перуйы — Писарро, Чилийы — Диего де Алмагро, Цæгат Америкæйы — Эрнандо де Сото, Флоридæйы — Менендес де Авилйес, Филиппинæты — Лопес де Легаспи.