Авдæнмæ фидыд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Авдæнмæ фидыд — афтæ хуындис, нырма-иу авдæны чи хуыссыдис, ахæм æнахъом лæппу æмæ чызджы фидæны æмкъайады тыххæй сæ ныййарджытæ куы бафидыдтой — «æхсыры» фидыд. Уыцы æгъдауы нысан уыдис, æнгом æмæ хæларæй чи цард, ахæм дыууæ хæдзары ахастдзинæдтæ хæстæгиуæджы бастдзинадмæ раивын, сывæллæтты ныййарджытæ-иу кæрæдзийæн дзырд радтой æмæ-иу сæ бадзырд бафидар кодтой, сывæллæтты авдæнты сæрхъæдтæ фæуыгард кæнгæйæ. Ирыстоны иуæй-иу æхсæнæдты фидæны усгуры-мойы фыд чызы нывæрзæны æвæрдта топпыхосы чъисса нæмыгимæ. Авдæнмæ-иу куы бафидыдтой, уæд ирæдæн уыдис символикон нысаниуæг. Авдæнмæ бафидауæг бинонтæй-иу иутæ сæ дзырд куы фæсайдтой, уæд-иу уыцы хъуыддыг туг расайдта.