Перейти к содержанию

Авдæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Авдæн у сæрмагонд сынтæг ноггуырд сывæллæттæн.

« Ирон адæммæ сывæллон сси хæдзары æлдар, зæды къалиу. Сæ хуыздæр хæринаг, сæ хуыздæр зарджытæ æмæ бæллицтæ систы йемæ баст. Авдæн та — табуйаг. Фæсвæд ран авæрын, афтидæй йæ аузын нæ фæтчыд, — хæйрæджытæй, дæлимонтæй йæ хызтой. Йæ куыст-иу куы бакодта, уæд-иу æй хорз ныссыгъдæг кодтой, дзæбæх-иу æй батыхтой æмæ йæ цары бæрæг ран æфснайдтой. Фæлæ дзы бирæ рæстæг нæ фæстиат кодта. Уайтагъд та-иу хæдзары æфсины – Нанайы æртæ чъирийы кæнын бахъуыд. Æристой-иу æй царæй нымдгæнгæ, арфæтимæ, æмæ та дзы ноггуырд — зæды хуызæн чысыл саби йæ гæккитæ хæстон лæгау адаргъ кодта, æмæ райхъуыст йæ дыгъал-дыгъул — цардыл цин, нæ ирон адæмы æнхъæлцауы уынæр.[1] »

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]