Абана

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Абана (ирон æвзагмæ æрбафтыдис гуырдзиаг «абано»-йæ; ацы культурон термины сæрысуадон у кæнæ латинаг balneum, кæнæ гр. βαλανέιον; æндæр нæмттæ банæ, бани[1]) у, дон æмæ тæвдгонд уæлдæфæй (туркаг æмæ ромаг абанаты) кæнæ дондæфæй (уырыссаг æмæ финнаг абанаты) хи буар æхсынæн арæзт чи у, ахæм агъуыст.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Æндæр æмæ ’ндæр адæммæ ис гæнæн ссарын абанаты уникалон æмæ сæхиформæ амайæнфæтк ’мæ сæ куыд пайдагæнгæуа. Рагон грекъаг историк Геродоты фыстытæм гæсгæ, сколоттаг (скифаг) знæмты абанатæ уыдысты йуртæты хуызон. Уæллаг кæрæттæй æмбаст, къулгондæвæрд æндзæлмттæ-иу нымæтæй стыхтой, астæуæй та-иу дзы сæвæрдтой стыр цуайнаг йæ мидæг алыхуызон кæрдæджытæ фыцгæдоны, ахæм, æмæ-иу дзы цæхæр дуртæ баппар-баппар кодтой, кæдон-иу развæлгъау дардтой уæларт йуртæ ’ддейæ. Уат-иу фитоницидтæй дзаг умæл пъарæй байдзаг ис, кæцы бактерицидон тæфаг кодта агъуысты мидатмосферæйыл. Хъуыстгонд ма у, скифтæ бæласы цъарæй дæр хæрзархайд кæй кодтой сæ буар сыгъдæг кæнынмæ. Цъар-иу уый размæ афæлмæнтæ кодтой дуртæй. Ахæм гигиеникон процедурæты практикæ цæ æнæнизæй дарта æмæ сæ хызта цæрмнизтæй сæ дæргъафон хæтæнты.[кæцæй ист у?]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том. Ф. 235