Ӕ
Внешний вид
(АЕ-æй æрвыст)
Ӕ (гыццылæй: ӕ) у кириллицæйы дамгъæ. Пайда дзы кæны æрмæст ирон æвзаг, æмæ дзы нысан кæны гоммæ æввахс раззаг æнæтымбылгонд хъæлæсон /æ/. Ирон алфавиты у дыккаг дамгъæ æмæ ис А æмæ Б-йы æхсæн.
Кириллаг Ӕ-йæ XIX æнусы райдианы фыццаг спайда кодта Андреас Шёгрен. Йæ равзæрæн уыд латинаг Æ, кæцы йæхæдæг равзæрд латинаг A æмæ E-йы лигатурæйæ.
Кодтæ
[ивын | Бындур ивын]Уникоды номыртæ:
Дамгъæ | Уникод |
---|---|
Ӕ | U+04D4 |
ӕ | U+04D5 |