Æххуыс:Фыссын

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Википедийы алкæмæндæр йæ бон у фыссын, фæлæ ирон æвзагыл фыссыны фадæттæ алкæмæн нæй. Ацы фарс дын баххуыс кæндзæн ацы викийы ирон æвзагыл фыссын.

Цыфæнды æвзагыл фыссынæн уал фыццаг хъæуынц фыссыны уавæртæ. Кæд дæ клавиатурæ нæ кусы, уæд дын ацы фарс ницæмæй баххуыс уыдзæн.

Дæ ирон æвзагыл фыссыны уавæртæ гæнæн ис уой ахæмтæ:

  • Дæ системæйы ирон клавиатурæйы равæрд нырид ис.
  • Дæ системæйы ирон клавиатурæйы равæрд нæй, фæлæ дзы уырыссаг ис.
  • Дæ системæйы нæдæр уырыссаг нæдæр ирон равæрд ис.
  • Дæ клавиатурæйыл ирон дамгъæтæ ныв нæй, æмæ йæ нæ зоныс кæцы сæ кæцы у.

Ацы уавæртæн дæлдæр æххуысы хæйттæ ис.

Йæ системæйы ирон равæрд кæмæн ис, уымæн[ивын | Бындур ивын]

Кæд дын дæ системæйы ирон равæрд ис, уæд ма дын хъæуы сбæрæг кæнын цавæр Æ фыссы дæ равæрд. Кæд æмæ ирон алфавиты дыггаг дамгъæ кириллон Æ у, уæд Википедийы латинаг Æ-йæ пайда кæныныл дзырд сты. Афтæ уымæн бадзырдтой, æмæ кириллон Æ бирæ шрифтыты нæ уыдис.

Латинаг Æ шрифты фылдæр æмбары, æмæ дын кæд латинаг Æ фыссы, уæд дæ бон у сæрибарæй ивай Википеди, æрмæст ын йе ’гъдæуттæ æххæст кæн. Кæд та дын кириллон Æ фыссы, уæддæр дæ бон у Википеди ивай, фæлæ дæ зæрдыл дар уый, æмæ ды цы ныффыссай, уый кæмæндæр зын уыдзæн фæрсын, уымæн æмæ Æ-йы бæсты цыппаркъуымон уындзæн, æмæ дын æндæр архайджытæ дæ кириллон Æ латинагмæ ивдзысты. Ды тынг фенцон кæндзынæ иннæ архайджыты куыст, кæд латинаг Æ-йæ байдайай фыссын. Латинаг Æ фыссын тыххæй нæу, уымæн æмæ кириллон Æ ирон алфавиты Æ у, фæлæ кæд хизыс латинаг Æ-мæ, уæд дæлдæр ис сæрмагонд хай.

Кириллон Æ латинаг Æ-мæ раивыны æгънæг[ивын | Бындур ивын]

Дæ бон у фыст куы фæуай, уæд уый фæстæ фарсы цы кириллон Æ-тæ фæфыстай, уыдон иу ивд ракæнай латинаг Æ-мæ. Уый тыххæй хъæуы баиу кæнын сæрмагонд гаджет. Бахиз дæ уагæвæрдтæм, равзар гаджетты таб æмæ баиу кæн ахæм гаджет: Кириллон Æ латинаг Æ-мæ раивыны æгънæг. Уый фæстæ дын ивыны бынаты уæлæмхасæн æгънæджыты æхсæн фæзындзæнис ахæм æгънæг: . Ууыл куы ныххæцай, уæд фарсы кириллон Æ-тæ латинаг Æ-мæ раивд уыдзысты.

Куыд хъæуы латинаг Æ-мæ рахизын[ивын | Бындур ивын]

Кæд Windows-ыл дæ æмæ дæ равæрд кириллон Æ фыссы, уæд дын хъæуы ног равæрд сæвæрын, кæцы латинаг Æ фысса. Ахæм равæрд дæ бон у равгæнын ironau.ru-йæ.

Кæд Linux-ы дистрибутивыл дæ, уæд дын хъæудзæн дæ равæрды кириллон Æ-йы кодтæ латинаг Æ-йы кодтæм раивын.

Куыд хъæуы базонын равæрд латинаг Æ фыссы, æви кириллон[ивын | Бындур ивын]

Уый тыххæй ис бирæ фадæттæ. Дæ бон у Википедийы агурæны бæх бацагурын. Кæд дæ бæхы фарсмæ арвита, уæд дæ Æ латинаг у, кæннæд кириллон.

Йæ системæйы ирон равæрд кæмæн нæй, фæлæ уырыссаг кæмæн ис, уымæн[ивын | Бындур ивын]

Цыдæр системæты нырид ис ирон равæрд (Ubuntu æмæ æндæртæ), кæцыдæрты нæй, фæлæ йæ ис гæнæн сæвæрын, кæцыдæртæн та нырмæ ирон равæрд сæвæрыны фадат нæй. Цæттæ ирон равæрд кæм гæнæн ис сæвæрын, уырдæм хауынц Winsdows XP, Windows Vista æмæ Windows 7. Уым фыццагæй ирон равæрд нæй, фæлæ сын æй дæ бон у ironau.ru-йæ равгæнай, æмæ йæ сæвæрай.

Æндæр системæтæн нырмæ ирон равæрдтæ нæй (Windows 8, Mac OS, Android...). Фæлæ кæд дæ бон у уырыссаг дамгъæтæ фыссын, уæд ирон дамгъæты фылдæр дæр дæ бон у, æрмæст ма дын Æ нæ фаг кæны. Æ фыссынæн, ивыны бынаты уæлæмхасæн æгънæджыты ’хсæн ис Æ фыссыны æгънæджытæ. Се ’хсæн ма ис апостроф фыссыны æгънæг дæр. Æгънæджытæ сты ахæм: Toolbaricon insert æ Toolbaricon insert Æ Toolbaricon insert apostrophe. Фæлæ ацы æгънæджытæ æрмæст уац ивыны бынаты уыдзысты. Агурæн æмæ æндæр бафыссæнты дын уæддæр Æ фыссыны фадат нæ уыдзæн. Цæмæй дын алы ран дæр уа Æ фыссыны фадат, уый тыххæй дæлдæр АЕ-йæ Æ-мæ раивыны гаджеты кой цæуы.

АЕ-йæ Æ-мæ раивыны фадат[ивын | Бындур ивын]

Дæ бон у спайда кæнай сæрмагонд гаджетæй, æмæ А æмæ Е тагъд фысгæйæ Æ-мæ рахизой. Уый тыххæй дæ гаджетты уагæвæрæны баиу кæн ахæм гаджет: Ае-йæ Æ-мæ аивæн. Уый фæстæ А æмæ Е-йыл æрдæг секунды мидæг куы ныххæцай, уæд АЕ Æ-мæ фæивд уыдзæн. Кæд А-йы фæстæ æрдæг секундæй фылдæр фæлæууай, уæд АЕ АЕ-йæ баззайдзæн. Ацы гаджет кусы алы бафыссæны дæр.

Йæ системæйы нæдæр уырыссаг нæдæр ирон равæрд кæмæн нæй, уымæн[ивын | Бындур ивын]

Йæ клавиатурæйыл ирон дамгъæты ныв кæмæн нæй, уымæн[ивын | Бындур ивын]