Æхсæртæггаты Зивæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æхсæртæггаты ЗивæгНарты кадджытæй, Æхсæртæггаты мыггаджы минæвар. Куыстæн нæ уыд, Зивæг ном дæр ыл уымæн сбадт, фæлæ йæ ныхас, йæ ракуывд цæуаг уыд. Борæты Бурæфæрныджы чызг ыл кæй худт, уый тыххæй йæ æнæлæгæй басывæрджын кæнын кодта. Уый фыдæй сæ Нарт къамбецы цармы тыхтæй фурды баппæрстой. Фæлæ сæ уылæнтæ иу атагъамæ раппæрстой, æмæ уым Бурæфæрныджы чызджы уынаффæйæ, Зивæджы скуывд æмæ сæ цуанон лæппуйы фæрцы схъæздыг сты. Нарт сæ куы базыдтой, уæд сæ хатыр ракуырдтой æмæ сæ фарсмæ æрцардысты.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.