Перейти к содержанию

Æрвгъил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æрвгъил — даргъгомау хъил, йæ бырынкъыл сæгъдзарм кæнæ фысдзарм ауыгъд. Уыдис ын культон нысаниуæг. Пайда дзы кодтой æрвнæрды бардуаг Уациллайы бæрæгбоны æгъдæутты. Хус рæстæг-иу куы скодта, уæд-иу лæппу фæсивæд бæрæгбоны фæтк цы амыдта, ахæм зарджытæкæнгæ æрвгъилима æрзылдысты сыхаг хъæутыл; сау сæгъдзарм-иу цы æрвгъилыл уыдис, уый-иу бафидар кодтой æрвдзæфæй марды ингæныл. Уыдис ын ахæм нысаниуæг, зæгъгæ, Уацилла хъæубæстæн ахъазгæнæг æмæ зæрдæхæлар куы уа, уæд æм æнувыдæй кæй кувдзысты æмæ йын ног кусæртытæ кæй кæндзысты.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.