Æппæтдунеон истори
Æппæтдунеон истори у æхсæнад æмткæй райсгæ куыд парахат кæны æмæ цавæр иумæйаг зæкъонбæрцæдтæ кусынц дунейы алы къумы дæр, уый иртасæг зонад. Историон процесс фæзындис, адæмы æхсæнад куы фæзындис, гъе уæд. Дихгонд цæуы хронологион периодтыл.
Дзыллæтæ парахат кæнынц дыууæ хуызы: цадæггай æмбырд кæнынц ногдзинæдтæ кæнæ та скæнынц революцион раивд иу дугæй иннæмæ.
Неолиты хъæууон хæдзарады революци рапарахат кодта фыццаг биноныг цæрæг цивилизацитæ, кæцытæ рахызтой цæугæцардгæнæг фос дарынæй хуым кæнынмæ. Ацы цивилизацитæ фæстæдæр сарæзтой фыссынад æмæ байдыдтой зонд фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттын материалон фыстыты хуызы. Уымæй фæзындысты алыхуызон дысныйæдтæ, куысты дихкæнынад æмæ социалон кълæстæ.
Хицæн цæрæнрæтты ’хсæн бастдзинæдтæ куы фидар кодтой, уæд фæзындысты фыццаг сахартæ, паддзахæдтæ æмæ империтæ. Се ’хсæн стынг и ерыс.
Рагон Ромы импери фехæлды фæстæ Европæй райдыдта Астæузаман.
XV æнусы Иоганн Гутенберг мыхуыркæнынад æрымысыдис, æмæ уымæй егъау раивд скодта, кæцыйæ байдыдта Астæузаманæй рахызт Ног дугмæ, Сæндидзæнмæ, зонадон-техникон революцимæ. Мыхуыркæнынадимæ баст ис ног нацийы концепци дæр, фæзындысты национ паддзахæдтæ æмæ национализм.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Всемирная история : в 24 т. / А. Н. Бадак [и др.]; ред. И. А. Алябьева. — Мн. : Литература, 1996—1997.
- Всемирная история : в 10 т. / Гл. ред. Е. М. Жуков ; АН СССР. — М. : Госполитиздат, 1956—1965.
- Егер, О. Всемирная история: в 4-х томах. — Издание исправленное и дополненное. — СПб. : Специальная литература, 1997—2002.