Æлхæнæн Хъом Пæритет

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æлхæнæн Хъом Пæритет (ÆХъП) - дыууæ, йе та фылдæр æхцаты иуæджы æмахаст (алыхуызон бæстæты валютæты), кæцы æвæрдæуы сæрмагонд уæййæгты æмæ къухавæрдты æмбырдæджы 'лхæнæн хъомæй. Æлхæнæн Хъом Пæритеты теори куыд зæгъы, афтæ, националон валютатæй, цæугæ курсæй нымад, æхцаты æмхуызон суммæйæ æндæр 'мæ 'ндæр бæстæты алы тъоварты 'мæ къухавæрдты 'мхуызон бæрц райсæн ис. Уый æнæ транспортон хæрдзтæй æмæ фæласыны гæрæнгæндтæй.