Æлборты Хадзы-Умар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Æлборты Хадзы-Умар
Райгуырды датæ 1939-æм азы 15 июлы(1939-07-15)
Райгуырæны бынат Сарабукъ, Цхинвалы район
Мæлæты бон 2001-æм азы 30 мартъийы(2001-03-30) (61 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Æлборты Несторы фырт Хадзы-Умар (райгуырдис 1939 азы, Сарабучъы) у ирон поэт æмæ литературæиртасæг.

Хадзы-Умар райгуырдис Хуссар Ирыстоны Сарабучъы хъæуы. Ахуыр кодта астæуккаг скъолайы, педагогон техникумы, Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты, аспирантурæйы. Куыста Хуссар Ирыстоны радиойы, газет «Советон Ирыстон»-ы, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы литконсультантæй, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты, журнал «Фидиуæджы» сæйраг редакторæй, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнæгæй.

Йæ æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Фæдисон» рацыдиc 1964 азы Цхинвалы. Уый фæстæ ма рауагъта къорд поэтикон æмбырдгонды, сæ сæйрагдæртæ: «Мæ зæрдæйы хуызтæ» (Цхинвал, 1968), «Уидæгты зарæг» (Цхинвал, 1975), «Бæрзонд къæвда» (Цхинвал, 1981), «Рухсытæ судзынц» (Цхинвал, 1988), «Ныфсы уидаг» (Дзæуджыхъæу, 1999).

Чиныгкæсджытæ Хадзы-Умары зонынц литературон критикæй дæр. Дзæвгар уацтæ ныффыста нæ дзырдаивады кусджыты сфæлдыстады тыххæй, биноныгæй бакуыста, ирон литературон критикæ ивгъуыд æнусы 30-æм азты цы уавæры уыд, уый раиртасыныл.