Нæ фидæн (фонд)
Регионалон социалон программæты фонд «Нæ фидæн» у æнæкоммерцион организаци, йæ разы æвæры нысан социалон амалхъомад Уæрæсейы парахат кæнын. Финансон æххуысы йеддæмæ, Фонд «Нæ фидæн» дæтты социалон амалиуæгдартæн барадон, консультацион æмæ информацион æххуыс. Фонды штаб-квартирæ ис Мæскуыйы. Йæ сæргълæууæг у Наталия Зверева[1].
2012-æм азы джеоргуыбайы мæймæ фонд, сæхи бæрæггæнæнтæм гæсгæ, баххуыс кодта 70 социалон амалхъомады проекттæн, кацытæ кусынц Уæрæсейы 36 регионы[2].
Фонд «Нæ фидæн» у Global Impact Investing Network-ы уæнг.
Фонды бындурæвæрæг Вагит Алекперовы ныхасмæ гæсгæ, куы амæла, уæд компани Лукойлы акцитæ суыдзысты фонд «Нæ фидæн»-ы сæрмулк, уымæ гæсгæ йæ амæлыны фæстæ фонд æхгæд нæ уыдзæн[3].
Истори
[ивын | Бындур ивын]Фонд бындур æвæрд уыд 2007-æм азы уæрæсейаг бизнесмен Вагит Алекперовы хъæппæрисæй. Уый фæдзырдта Наталья Зверевамæ сæргълæууæджы бынатмæ. Сæ нысанты хсæн – дæргъвæтин социалон ахсджиаг чи сты ахæм программæты æмæ проектты реализаци, кацытæ кусынц социалон амалхъомады принциптыл. РБК-йы цæстæнгæсмæ гæсгæ, Фонд «Нæ фидæн» уыд фыццаг сæрмагонд уæрæсеон фонд, кæцы æххуыс кодта аразын хи бизнес инвалидтæн, бирæзæнæгджын бинонтæн, рæвдауæндæтты ахуырдзаутæн, æмæ граждайнаг царды æнæхъæугæ чи баззад, ахæмтæн[4][5].
Фонд байгом кодта консалтингон æмæ аутсорсингы центры хызтæ, уым райдайгæ амалиуæгдартæн сæ бон у райсын лæггæдтæ: æххуыс бизнес-пъланы цæттæ каныны, бухгалтерон æмæ юридикон фæсдзыд, фадат аренды исын микроофистæ. «Нæ фидæн»-ы консалтингы æмæ аутсорсингы центртæ кусынц 6 сахары Уæрæсейы: Астраханы, Архангельскы, Волгограды, Калининграды, Дæллаг Новгороды æмæ Пермы.
Фонд уыд социалон амалхъомады скъола Сургуты чи арæзта, уыдонæй иу[6].
2008-æм азæй Фонд кæны æппæтуæрæсеон проектты ерыс «Социалон амалиуæгдар». Равзары хуыздæр социалон проекттæ æмæ цын хцайы фæрæзтæй баххуыс кæны. Фыццаг социалон амалхъомады проект, кацыйæн радих кодтой финансон æххуыс, уыд компани «Доспехи». Уый аразы ортопедон системæтæ чъылдымы магъзы зиан чы баййæфта, уыцы адæмæн. Уыдонæн радтой 9,5 милуан сомы æххуыс (4 милуаны сомы æнæфидгæ, 5,5 милуан сомы та æнæпроцентон хæсы хуызы дыууæ азмæ). 2015-æм азмæ конкурс куыста авд азы æмæ уыцы рæстæгмæ æнæпроцентон хæстæ радтой 133 проекттæн 47 Уæрæсейы регионтæй[7].
2012-æм азы фонд баххуыс кодта Волгограды облæстæн. Уым тагъд райрæзт социалон амалхъомад. Фонды фæрцы 10 социалон проекты Волгограды облæстæй райстой гранттытæ. Уыцы аз Фонд сарæзта æрвылазон преми «Хæрзгæнæн импульс», Уæрæсейы социалон амалхъомад райрæзтыл æмæ парахат кæныныл йæхи сæрæндæр чи равдиса, уыдонæн. Преми лæвæрд цæуы цалдæр номинацийы (2015-æм азы уыдысты авд).
2012-æм азы æртхъирæны мæйы Хъалмыхъы Экономикæ æмæ базарады министрадимæ иумæ сарæзтой Хъалмыхъы социалон амалхъомады ерыс «Сициалон идейæты армукъа», уæлахиздзаутæн бар уыд архайын конкурс «Социалон амалиуæгдар-2012» дыккæгæм туры.
2013-æм азы сусæны мæйы фонд, организаци «Опора России» æмæ банк «УРАЛСИБ» ныффыстой бадзырд социалон амалхъомадæн æххуысы тыххæй[8].
2014-æм азы Фонд баххуыс кодта социалон амалхъомадæн Волгограды облæсты, къух арывæрдтой æртæфарсон бадзырды бын фонд «Нæ фидæн», Волгограды облæсты экономикæ æмæ инвестициты министрад, консалтинг æмæ аутсорсингы центр «Нæ фидæн»-ы. Сæхимæ райстой хæс регионы социалон амалхъомадæн аххуыс кæнын[9].
2015-æм азы Фонд æмæ рауагъдад «Альпина Паблишер» ныммыхуыр кодта æххуысчиныг социалон амалхъомады тыххæй «Сараз æнтыстджын социалон куыстуат»[7].
2015-æм азы 3-æм мартъийы рацыдис каталог «Социалон амалхъомад Уæрæсейы», йæ рауагъдæн баххуыс кодта фонд дæр[10].
2015-æм азы 19-æм мартъийы рахъæр и фонд æмæ «Бизнесты лидерты æхсæнадæмон форум» иумæ сæ къухтæ арæвæрдтой бадзырды бын. Йæ нысан у социалон амалхъомады менторствæйы райрæзтыл архайын. Бадзырды нысан у хъуыды кæнын æмæ цæ царды уадзын алыхуызон иумæйаг мадзæлттæ. Иннæ нысæнттæ сты дæсныйад ивын æмæ кæрæдзийы инициативæты куыстыл æххуыс кæнын. Фыццаг уал бадзырды хатцæгтæ бафæлвæрдзысты иумæйаг проекты Пермы крайы, фæстæдæр æмгуыстад рапарахат кæндзысты иннæ регионты дæр[11].
2015-æм азы зæрдæвæрæны мæйы компании «Норникель»-имæ иумæ фонд кæронмæ бакодта 15 бизнес-проектты, сæ нысан у Фæсполярьейы цæрджыты социалон фарстатæ алыг кæнын[12].
«Больше чем покупка»
[ивын | Бындур ивын]Уæрæсеон социалон амалиуæгдарты товартæ раразмæ канынæн 2014-æм азы Фонд «Нæ фидæн» æмæ компании «Лукойл» иумæ райдыдтой проект «Больше чем покупка» зæгъгæ[13][14]. Социалон амалиуæгдарты продукци (нымæтæй дзаумæттæ, валинкæтæ æмæ аксессуартæ, фермерон æхсыры продукттæ æмæ сувениртæ) фæзынд бензинкæнæн станциты «Лукойл»-ы дуканиты. Дзаумæттæ уыдысты конд компанитæй «Экокластер», «Æнæхин? Тынг æнæхин», «Хъæлдзæг нымæт», «Помогать легко», «Мастерская Черниковых». Æппæт дзаумæттæ сты сæрмагондæй бæрæггонд[15].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Наталья Зверева. Законодатель мод. Новый сектор экономики . Частный корреспондент (27.03.2014).
- ↑ Фонд "Наше будущее" поддержал более 70 соцпроектов из 36 регионов . РИА Новости (29 ноября 2012). Датæ: 2015-æм азы 14 майы. Архив 2015-æм азы 14 майы.
- ↑ Вяткина, Юлия. Вагит Алекперов: акции ЛУКОЙЛа будут переданы в фонд «Наше будущее», Агентство стратегических инициатив, 19 января 2015. Фæстаг фенд 2015-05-19. Архивгонд æрцыдис 19 майы 2015 азы.
- ↑ Венера Петрова. Социальный бизнес: благородные побуждения, приносящие прибыль . РБК.
- ↑ Аврора, Елизавета; Бебех, Владимир Кривко. Понять с полуслова: в необычной парикмахерской просьбы клиентов читают по губам . РИА Новости (27.09.2013).
- ↑ В Югре завершилась сессия Школы социального предпринимательства, Агентство стратегических инициатив, 18 марта 2015. Фæстаг фенд 2015-05-17. Архивгонд æрцыдис 17 майы 2015 азы.
- ↑ 7,0 7,1 Фонд региональных социальных программ «Наше будущее» издал книгу о создании успешного социального предприятия, Агентство стратегических инициатив, 16 апреля 2015. Фæстаг фенд 2015-05-14. Архивгонд æрцыдис 14 майы 2015 азы.
- ↑ Румянцева, Анна. Изменить мир к лучшему. — Российская газета, 2013. — № 6127 (151).
- ↑ Социально ориентированный волгоградский бизнес получит дополнительную поддержку, Волга-Медиа, 27 марта 2014. Фæстаг фенд 2015-05-20.
- ↑ Первый каталог «Социальное предпринимательство России» открыт для бесплатного скачивания, Агентство стратегических инициатив, 3 марта 2015. Фæстаг фенд 2015-05-19. Архивгонд æрцыдис 19 майы 2015 азы.
- ↑ Фонд «Наше будущее» и Международный форум лидеров бизнеса подписали соглашение о сотрудничестве, Агентство стратегических инициатив, 19 марта 2015. Фæстаг фенд 2015-05-17. Архивгонд æрцыдис 17 майы 2015 азы.
- ↑ «Норникель» выделит 40 млн рублей на решение социальных проблем Заполярья, Русская планета, 15 мая 2015. Фæстаг фенд 2015-05-17. Архивгонд æрцыдис 17 майы 2015 азы.
- ↑ Больше чем покупка(недоступная ссылка). «Expert Online» (31.01.2014). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2014-æм азы 22 октябры.
- ↑ Товары соцпредпринимателей будут продаваться на АЗС ЛУКОЙЛ . "РИА Новости" (30.01.2014).
- ↑ Анна Чесова. На московских заправках появились товары социальных предпринимателей . The Village (31.01.2014).