Перейти к содержанию

Ирландиаг адæмон музыкæ: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «Ирландиаг адæмон музыкæ у ирландиаг адæмы традицион музыкæ. Уый у бирæ а...»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 14:28, 10 ноябры 2011

Ирландиаг адæмон музыкæ у ирландиаг адæмы традицион музыкæ. Уый у бирæ алыхуызон: авдæны æмæ фынджы зарджытæ, цадæг инструменталон композицитæ æмæ рог кафтытæ, æмæ дзы дзæвгар бынат ахсы ритм æмæ мелодийы нюансты æмæ вариациты пайдакæнынад. Традицион ирландиаг кафты музыкæ йæхимæ ’фтауы рилтæ (сæ музыкалон бæрц у 4/4), джигæтæ (сæ тæккæ арæхдæр бæрц у 6/8[1]) æмæ хорнпайптæ. XIX-æм æнусæй райдайгæйæ Ирландийы мидæг популярон сси полькæ, кæцыйы æрбахастой кафты ахуыргæнджытæ æмæ Европæйæ чи æрыздæхтысты, уыцы салдаттæ.[2] Сеты кæфтытæ æнхъæлгæйæ кафынц Ирландийы XVIII-æм æнусæй фæстæмæ.[3] Уымæй фæстæдæр куыд шотландиаг страспейы кафты вариант Ирландийы фæзынди мазуркæ.[4]

XX-æм æнусы райдыдта ирландиаг традицийы ногæй æвзæрынад: популярон систы аккордеон æмæконцертинæ,[5] æххæст кодтæуыдысты ирландиаг степы æмæ кейлийы кафыны ерыстæ[6], кæцыты арæх талас кодтой ахуырадон системæ æмæ патриотон организацитæ. Популярон сси шан-нос (ирл. sean-nós, «зæронд стиль»)[7], зарджытæ æмæ кафтыты зæронд стильмæ гæсгæ цæгъдынад.

Белфасты артистты фестивалы 1792-æм азы Эдвард Бантинг сцæттæ кодта традицион ирландиаг мелодиты æмæ зарджыты фыццаг æмбырдгонд, кæцы рауагъта 1796-æм азы. Томас Мур, ирландиаг поэт, арæх пайда кодта Бантингы куыстытæй йæ зынгæ æмбырдгонды «Ирландиаг Мелодитæ», кæцы фыццаг рауагъд æрцыди 1807-æм азы.

Ирландиæгты АИШ-мæ иугуыр эмиграцийы руаджы, ирландиаг музыкæ разагъды сси Америкæйы, уырдыгæй та — дунейы æппæт рæтты;[8] гастролты чи уыдысты, уыцы музыканттæ, сæхи радæй, сæ цæгъдыны стильмæ æфтыдтой проамерикæйаг ивддзинæдтæ.[9]

Фиппаинæгтæ

  1. Whistle Workshop
  2. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фæрстæ 48-49.
  3. Inside Ireland
  4. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фарс 48.
  5. Concertinas in Ireland
  6. Country House music
  7. http://www.mustrad.org.uk/articles/sean-nos.htm Sean nos
  8. http://www.spartacus.schoolnet.co.uk/USAEireland.htm Irish emigration
  9. Clarke, Gerry (2006), Oldtime Records Vol 1, Galway: Oldtime Records , Liner notes to CD.


Хуызæг:Ireland-stub

Хуызæг:Ирланди темæтæм гæсгæ Хуызæг:Европæ темæтæм гæсгæ