Перейти к содержанию

Ирландийы музыкæ: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «thumb|250px|Музыкалон къорд [[U2]] '''Ирландийы музыкæ''' — у ...»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 14:20, 10 ноябры 2011

Музыкалон къорд U2

Ирландийы музыкæ — у иугуыр æмбарынад, кæцыйæ пайда кæнынц Ирландийы сакъадахы фæлдыст алыхуызон музыкæ фæнысан кæнынмæ.

Истори

Ирландиаг музыканттæ разагъды уыдысты Европæйæн йæ алыран дæр XII-æм æнусæй фæстæмæ. Ног дуджы тæккæ зынгæдæр ирландиаг музыкант уыдис къуырма фæндырдзæгъдæг Турлаф O’Каролан (16701738),[1][2] кæцы сфæлдыста 200 композицимæ ’ввахс, сæйрагæй, йæхи сæрылхæцгуытæн. Йе сфæлдыстадæй дзæвгар хай публикацигонд æрцыди Дублины 1720-æм азы. Йæ музыкæ, кæцы Турлаф О’Каролан барæй фæндырæн ныффыста, абоны онг дæр æппæт дунейы цæгъдынц. Кæмдæр ацы рæстæджы æвæрд æрцыд арвылазыккон фестиваль Фейш, кæцы фæлдыстæуыди уадындзæй зарыны аивад хъахъхъæнынæн æмæ талас кæнынæн.

Ирландиаг адæмон музыкæ

Ирландиаг адæмон музыкæ у бирæ алыхуызон: авдæны æмæ фынджы зарджытæ, цадæг инструменталон композицитæ æмæ рог кафтытæ, æмæ дзы дзæвгар бынат ахсы ритм æмæ мелодийы нюансты æмæ вариациты пайдакæнынад. Традицион ирландиаг кафты музыкæ йæхимæ ’фтауы рилтæ (сæ музыкалон бæрц у 4/4), джигæтæ (сæ тæккæ арæхдæр бæрц у 6/8[3]) æмæ хорнпайптæ. XIX-æм æнусæй райдайгæйæ Ирландийы мидæг популярон сси полькæ, кæцыйы æрбахастой кафты ахуыргæнджытæ æмæ Европæйæ чи æрыздæхтысты, уыцы салдаттæ.[4] Сеты кæфтытæ æнхъæлгæйæ кафынц Ирландийы XVIII-æм æнусæй фæстæмæ.[5] Уымæй фæстæдæр куыд шотландиаг страспейы кафты вариант Ирландийы фæзынди мазуркæ.[6]

XX-æм æнусы райдыдта ирландиаг традицийы ногæй æвзæрынад: популярон систы аккордеон æмæконцертинæ,[7] æххæст кодтæуыдысты ирландиаг степы æмæ кейлийы кафыны ерыстæ[8], кæцыты арæх талас кодтой ахуырадон системæ æмæ патриотон организацитæ. Популярон сси шан-нос (ирл. sean-nós, «зæронд стиль»)[9], зарджытæ æмæ кафтыты зæронд стильмæ гæсгæ цæгъдынад.

Белфасты артистты фестивалы 1792-æм азы Эдвард Бантинг сцæттæ кодта традицион ирландиаг мелодиты æмæ зарджыты фыццаг æмбырдгонд, кæцы рауагъта 1796-æм азы. Томас Мур, ирландиаг поэт, арæх пайда кодта Бантингы куыстытæй йæ зынгæ æмбырдгонды «Ирландиаг Мелодитæ», кæцы фыццаг рауагъд æрцыди 1807-æм азы.

Ирландиæгты АИШ-мæ иугуыр эмиграцийы руаджы, ирландиаг музыкæ разагъды сси Америкæйы, уырдыгæй та — дунейы æппæт рæтты;[10] гастролты чи уыдысты, уыцы музыканттæ, сæхи радæй, сæ цæгъдыны стильмæ æфтыдтой проамерикæйаг ивддзинæдтæ.[11]

Классикон музыкæ

Музыкæйæн йæ классикон хуызтæ Ирландийы бæрæг нæ уыдысты рландийы XVIII-æм æнусы агъоммæ. Пианист Джон Филд, уырыссаг композитор Михаил Глинкайы ахуыргæнæг, уыди фыццаг ирландиаг композитор, кæцы райста æппæтдунеон разыдзинад йæхи ноктюрнты руаджы; уый нымад у куыд Фредерик Шопены разфæзынæг. Майкл Уильям Балф разагъдыдзинад райста йæ оперæ «Богемæйаг чызгы» руаджы. Тæккæ зынгæдæр ирландиаг солистты хсæн уыдис концертон æмм оперæйон тенор Джон Маккормак.

Популярон музыкæ

Файл:Enyasweet.jpg
Эния
Майкл Флэтли

XX-æм æнусы Ирландийы арæх рапарахат уыди рок-музыкæ. Тæккæ зынгæдæр Ирландийы рок-къордтæ систы My Bloody Valentine, U2, Thin Lizzy æмæ The Cranberries.

Æнæуый фæзынди адæмон музыкæ æмæ кафтытæм интерес дæр. Фæзындысты бирæ фолк-музыкалон коллективтæ: Cruachan, Clannad, The Chieftains, The Dubliners, Planxty. Стыр æнтыст ахсы ахæм коллективты кафты шоутæ: Lord of the Dance, Feet of Flames æмæ Майкл Флэтлийы Celtic Tiger, Riverdance æмæ Колина Данны Dancing on Dangerous Ground æмæ Джин Батлер, кæцытæн сæ бындур у традицион ирландиаг кафт. Культурæ æмæ æгъдæуттæм цæст дарынц популярон æмæ альтернативон музыкæйы ирландиаг минæвæрттæ: The Corrs, Шинейд О’Коннор, Энийæ (Энья Патриша Ни Бреннан), йæ хо Мойæ Бреннан (Майрæ Филомена Бреннан), Ронан Китинг, Тара Блейз, Брендан Перри.

1965-æм азæй фæстæмæ Ирланди архайд исы Зарыны ерыс Евроуынæны æмæ æмæ йæ рамбылдта авд хатты, уый нымады æртæ хатты радгай.

Дæнцæгтæ

(аудио)
(аудио)
Типпереримæ дард фæндаг
noicon
Æххуыс
(аудио)
(аудио)
Foggy Dew
noicon
Æххуыс

Фиппаинæгтæ

  1. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фарс 28.
  2. Yeats, Gráinne, The Rediscovery of Carolan, Harpspectrum.com, <http://www.harpspectrum.org/folk/yeats_short.shtml>. Проверено 25 апрелы 2008. 
  3. Whistle Workshop
  4. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фæрстæ 48-49.
  5. Inside Ireland
  6. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фарс 48.
  7. Concertinas in Ireland
  8. Country House music
  9. http://www.mustrad.org.uk/articles/sean-nos.htm Sean nos
  10. http://www.spartacus.schoolnet.co.uk/USAEireland.htm Irish emigration
  11. Clarke, Gerry (2006), Oldtime Records Vol 1, Galway: Oldtime Records , Liner notes to CD.


Хуызæг:Ireland-stub

Хуызæг:Ирланди темæтæм гæсгæ Хуызæг:Европæ темæтæм гæсгæ