Этник-радио
Внешний вид
«Этник-радио» (Ethnic Radio) у 2006 азы фæлдыст интернетон радиостанцæты къорд, кæцытæ интернеты авæрд кæнынц музыкалон алæвæрдтæ.
«Этник-радио»-мæ ис гæнæн хъусын лæвар æмæ 24 сахаты æхсæвбоны, алæвæрдты хъуысы Уæрæсейы иуæй-иу дзыллæты (чувашæгты, удмуртæгты, марийæгты æмæ æндæрты) музыкæ æмæ зарджытæм.
Радиостанцæты нысан у алы бæстæты интернетæй чи пайда кæны, уыдон базонгæ кæнын Уæрæсейы дзыллæты хигъæдон музыкалон æгъдауимæ æмæ фадат раттын байхъусын уыцы дзыллæты адæмон музыкалон аивадмæ, кæцытæ сты дард сæ райгуырæн зæххытæй, кæнæ та бынтондæр нæ цæрынц Уæрæсейы.
Ацы интернетон нывæсты автор у Владислав Михайлов (Мæскуы).
Кæс
[ивын | Бындур ивын]Æрвитæн
[ивын | Бындур ивын]- «Этник-радио»-йы сайт Архивгонд æрцыдис 30 ноябры 2021 азы.