Чжэн Хэ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Чжэн Хэ
кит. 鄭和
Гуырæн ном кит. 鄭和
Райгуырды датæ 1371[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1433[4][5][6] кæнæ 1435[7]
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз бæлццон-иртасæг
Фыд Ма Хаджи
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чжэн Хэ (кит. трад. 鄭和, хуымæтæг 郑和, пиньинь: Zhèng Hé; 13711435) — китайаг денджызы цæуæг æмæ дипломат. Скодта авд денджызон балцы (1405—1407, 1407—1409, 1409—1411, 1413—1415, 1417—1419, 1421—1422 æмæ 1431-1433 æзты).

XV æнусы райдайæны сахар Нанкинæй хурныгуылæнмæ араст науты уæды заманы æппæтæй егъаудæр армадæ, йæ сæргъы адмирал Чжэн Хэ. Йæ бæрны уыди 300 науы 28 мин матросимæ — ахæм флот уымæй фæстæмæ фондз фондзыссæдз азы дæргъы иу паддзахадмæ дæр нал уыд. Наутæ куыд арæзтой Китайы, уый дæр стыр диссагæн баззад æнусты дæргъы, иннæ бæстæты ахæм наутæ аразын 350 азы фæстæ базыдтой.

Чжэн Хэйы наутæй иутæн сæ дæргь уыдис æнæхъæн 100 метры, сæ фæтæн та 50-мæ æввахс уыдысты бирæуæладзыгон, алæмæты рæсугъд фæлгонцгонд каютæтимæ. 1492 азы Колумб цы æртæ науыл фæраст, уыдонæн се стырдæры дæргь хæццæ кодта æрмæст 30 метрмæ.

Чжэн Хэ бахæццæ Африкæмæ, алы диссæгтæ дзы æрбаласта, уыимæ жирафтæ дæр. Куыд вæййы алы хатт дæр, афтæ та уымæ дæр хæлæггæнджытæ разынд æмæ йæ императоры цæсты бафтыдтой. Цытæ федтой, цытæ бавзæрстой, кæуылты æмæ куыд ленк кæнын æмбæлы дард бæстæтæм — æппæт уыцы фыстытæ йын басыгьтой.

Диссаг рауади Китайы хъуыддаг: Чжэн Хэйыл фæуæлахиз сты цыбырзонд ахуыргæндтæ. Мах, дам, æндæр бæстæты ницы хъуыддаг ис, зæгъгæ, сæ радыдæй император нал уагъта фурдты сæрты æндæр бæстæтæм ленк кæнын, ног наутæ аразын, чи сæм уыд, уыдон та сæхæдæг дæрæн ныккодтой. 3500 науæй флот байсæфт тæссармæ зондыл хæст ахуыргæндты азарæй, æмæ Китай бирæ æнусты дæргъы дунейы царды хъæрæй иппæрдæй баззад. Уыйхыгъд размæ рацыдысты Европæ, стæй та Америкæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Zheng He // Энциклопедия Брокгауз (нем.) / Hrsg.: Bibliographisches Institut & F. A. Brockhaus, Wissen Media Verlag
  2. Bibliothèque nationale de France He Zheng // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  3. He Zheng // Autoritats UB
  4. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  5. Lo J. Zheng He // Encyclopædia Britannica (англ.)
  6. He Zheng // datos.bne.es (исп.): El portal de datos bibliográficos de la Biblioteca Nacional de España — 2011.
  7. LIBRIS — 2018.
  8. Китайская биографическая база данных (англ.)