Цыргъобау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цыргъобау (Горæтгæрон район)
Цыргъобау
Цыргъобау, Горæтгæрон район

Цыргъобау Ирыстоны у тынг зындгонд бæрæгбон. Фæзындис XVIII æнусы. Кувæндон ис Ольгинскæйы хъæуы цæгатварс. Адæм æрæмбырд вæййынц кувæндоны цур, æртæ хатты æрзилынц обауы алыварс, уый фæстæ дзуары скувы кувинæгтæ. Цыргъобауы бæрæгбон у уарзондзинады, æфсармдзинады бæрæгбон. Йæ сæйраг нысан у, цæмæй адæм уарзонæй, хæларæй цæрой.

Йæ бæрæгбон вæййы Уацилламæ кувæн къуырисæры хæдразмæ хуыцаубоны. Ацы бæрæгбоны равзæрды тыххæй фыдæй-фыртмæ ахæм хабар дзурынц: «Кæддæр Олгинскæйы цæрæг Кънаттаты Сæудженыхъойæн уыдис стыр нартхоры хуым. Уациллайы боны цæмæй йæ куыстытæм йæ зæрдæ ма æхсайа, уый тыххæй къуырисæры размæ хуыцаубоны дæр йе стыр бинонтимæ йæ хуым рывта. Изæрдалынджы фæстаг рувæндзæфты фæстæ иучысыл сæ рувæнтыл банцой кодтой, афтæмæй сæ фæлладуадзгæ хъæлдзæг ныхас кодтой.

Бинонтæ куыд ныхас кæнынц, афтæ æвиппайды изæры талынджы быдыр диссаджы рухс ацис. Исдугмæ фæтæрсæгау кодтой, сæ алфамблай акастысты. Кæсынц, æмæ гыццыл уæлдæр уыцы диссаджы рухс кæцæй рацыдис, уым иу бæрзонд, хæрзконд, хæрзуынд лæг. Йæ иу къухæй хæцы бæласы къалиуыл. Йæ фарсмæ йæхи хуызæн бæрзонд, хæрзконд, рæсугъд сылгоймаг. Лæг æмæ усы астæу та зæххыл авдæн. Уыцы диссаджы лæг Сæудженыхъомæ дзуры йæ номæй, ардæм ма хæстæг æрбацу, зæгъгæ. Сæудженыхъойыл дæр ма хуыздæр бон цы уыдис, бацыдис сæ цурмæ æмæ сын, уæ изæр хорз загъта. Лæг Сæудженыхъомæ дзуры, авдæнмæ амонгæйæ: Махæн абон райгуырдис лæппу æмæ йыл сæвæрдтам ном Цыргъобау».

Сæудженыхъойæн загъта: «Ацы хабар æнæхъæн хъæубæстæн райсом, къуырисæры Уациллайы кувæн бон радзур. Зæгъ сын, хуыцаубон кусæн бон кæй нал уыдзæнис, фæлæ – кувæн бон. Кæндзыстут кусарт, уыимæ, ирон куывды хуымилæгтæ цы хъæуы, уыдонæй æппæт дæр, ардзыстут Хуыцауы ном. Кувдзыстут, курдзыстут хорздзинæдтæ, стæй уæд кувдзыстут мæ лæппумæ, Цыргъобаумæ. Уыйадыл хуындзæнис Цыргъобауы бæрæгбон. Уæ ныхасы-иу зæгъут, Цыргъобау, цыргъагæй нæ хиз, хорздзинадæй нын хай кæн»[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]