Хъодзастæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъодзастæ (уырыс. Кодзасовы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Мыггаджы фыдæл уыд асыйаг Хъодасларты Хъодзас. Хъодзас Асыйæ Стыр Дыгурмæ куы æрбалыгъд, уæд йæхи номæй мыггаг скодта: Хъодзас — Хъодзастæ. Йæ рагон мыггаджы ном ферох кодта.

Хъодзасты хистæртæ дæр сæ фыдæлыл Хъодзасы нымайынц, Асыйæ æрбацæуæгыл. Асыйы ма сын ис æрвадæлтæ, æмæ, дам, уыдон дæр Хъодаслартæй сæхи нæ хонынц, фæлæ Хъодзастæй. Стыр Дыгуры Хъодзастæ æмæ Асыйы Хъодзастæ сæ хæстæгдзинад абон дæр зонынц, чызг кæрæдзийæ нæ курынц.

Хъодзастæ сæхицæн хæстæг æрвадæлтыл нымайынц Бырнацты. Бырнацтæн сæ фыдæл Бырнац уыд, Стыр Дыгуры Хъодзастæй. Бырнац йæ лæджы кармæ куы ахæццæ, уæд Хъодзастæй рахицæн æмæ йæхи номæй мыггаг скодта, афтæмæй Стыр Дыгуры фæзынд Бырнацты мыггаг. Хъодзастæн йæ иннæ фыртты нæмттæ ничи хъуыды кæны. Уыдоны цæуæт фæлыгъдысты быдыры хъæутæм: Чырыстонхъæумæ, Дур-Дурмæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 139.