Хлопонин, Александр Геннадийы фырт
Александр Геннадийы фырт Хлопонин | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1965-æм азы 6 мартъийы (59 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | политик |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Хлопонин, Геннадийы фырт Александр (уырыс. Александр Геннадиевич Хлопонин; райгуырдис 1965-æм азы 6 мартъийы Шри-Ланкайы) уыд Уæрæсейы хицауады сæргълæууæджы хæдивæг (вице-премьер) æмæ Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды (2010—14). Экономикон зонæдты кандидат.
Хлопонин райгуырдис фæсарæнты, советон дипломат æмæ тæлмацгæнæджы бинонты ’хсæн.
1982-æм азы бацыдис Мæскуыйы финансон институты æхсæнадæмон экономикæйы факультетмæ. 1983-æм азæй 1985-æм азы онг службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Йæ ныры æфсæддон цин у булкъон.
1989-æм азы йæ къухы бафтыдис Мæскуыйы финансон институт каст фæуын æмæ уыцы ахуырдоны диплом райсын. Уый фæстæ 1992-æм азы онг куыста Внешэкономбанкы, паддзахадон кредитты хайады.
Советон Цæдисы фехæлды фæстæ Хлопонин куыста банктæ æмæ финансон компаниты Мæскуыйы. 1996-æм азæй — акционерон æхсæнад «Норильский никелы» генералон директор æмæ уыцы æхсæнады разамынды сæрдар. Хлопонины дæлбар уыцы æхсæнадæн бирæ бантыстис социалон-экономикон рæзтыл бакусыны хъуыддаджы.
2000-æм азы æвзарджыты къорд Александр Хлопонины скодтой Таймыры автономон зылды губернаторы бынатмæ кандидат. 2001-æм азы 28 январы зылды цæрджыты 62% йæ кандидатурæйыл схъæлæс кодтой, афтæмæй 36-аздзыд Александр Хлопонин сси Уæрæсейы æппæты æрыгондæр губернатор.
2002-æм азы, Александр Лебедь куы амардис, Хлопонин Красноярсчы крайы губернаторы бынатмæ æвзæрстыты хайад райста æмæ сси уыцы регионы сæргълæууæг (2002-10).